Хуссар Иры парламент аивта йæ структурæ æмæ равзæрста комитетты хистæрты

© Sputnik / Диана КозаеваРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Комитетты сæрдæртты бынæтты æмбис райстой стырдæр партийы минæвæрттæ

ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент сфидар кодта закондæттæг органы структурæ. Фараст парламентон комитетмæ бафтыд ноджы иу. Националон политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ ДИФ-ы комитет адих кодтой дыууæйыл. Иуы бæрны бакодтой культурæ, дин æмæ ДИФ, аннæйы та – ахуырад æмæ зонад.

Депутаттæ ма рабадты равзæрстой комитетты разамонджыты. Хъæлæсæппæрст цыд гом режимы.

Тадтаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламент равзæрста ног спикеры

Бюджет æмæ фиддонты комитеты хистæр ссис "Иугонд Ирыстон"-ы минæвар Джиоты Елена. Ӕддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитеты разамонæджы бынатмæ раразмæгонд æрцыдысты парти "Ныхас"-ы лидер Санахъоты Дауыт æмæ депутат Дриаты Заза, фылдæр хъæлæстæ райста дыккаг.

Фæсивæды хъуыддæгтæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты разамонæгæй снысан кодтой "Иугонд Ирыстон"-ы минæвар Гæбæраты Иналы.

Закондæттынад æмæ бынæттон хиразамынады комитеты сæрдары бынатмæ раразмæ æрцыдысты Бесаты Зита, Габатты Алан æмæ Гаглойты Алан. Хъæлæстæм гæсгæ комитеты хицау баис "Иугонд Ирыстон"-ы минæвар Габатты Алан.

Националон политикæ, культурæ, дин æмæ ДИФ-ы фæдыл комитеты сæргълæууæгæй слæууыд "Адæмон парти"-йы минæвар Диакъонты Амиран.

Ахуырад æмæ зонады комитеты сардар ссис Компартийы иунæг минæвар парламенты Уырыгаты Инал.

Петр Гасситы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты фыццаг вице-спикер ссис Гасситы Петр

Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады комитеты сæргъ слæууыд парти "Иугонд Ирыстон"-ы ноджы иу минæвар Бибылты Ацæмæз.

Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады комитеты сæрдарæй равзæрстой "Адæмон парти"-йы лидер Плиты Александры.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар ссис "Дзыллæйы иудзинад"-ы минæвар Тъехты Алан.

Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты комитеты сæрдар равзарыны фарст аргъæвтой аннæ рабадтмæ. Ацы бынатмæ раразмæгонд æрцыд "Ныхас"-ы минæвар Ӕлборты Алан, фæлæ уый сессийы куысты хайад нæ иста. Депутат Бесаты Зита банхъардта ацы комитет дæр адих кæнын.

Уымæй дарддæр ма, депутаттæ сфидар кодтой парламентон къамисты сæрдæртты. Регламенты къамисы сæргъ слæууыд Мулдарты Гарри. Депутатон этикæйы фарст бакодтой Тадтаты Анатолийы бæрны.

Бесаты Зита, кæцыйы кандидатура ʻрцыд раразмæгонд, йæхи атигъ кодта ацы хъуыддагæй.

Парламенты президиумы равзарыны фарст дæр ахастой радон рабадтмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0