Нысан – олимпиаг сыгъзæрин: ирон богал радзырдта йæ уæлахизы тыххæй Европæйы фыццагады

© Sputnik / Диана КозаеваБестауты Андрей
Бестауты Андрей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бестауты Андрей ныддæрæн кодта йæ ныхмæлæуджыты иууылдæр - йæ фембæлтæ ахицæн сты иумæйаг хыгъд 32:0

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik, Козаты Диана. Европæйы фыццагады уæлахиздзау уæгъдибар хъæбысхæстæй Бестауты Андрей æмæ йæ тренер Коцты Тамерлан радзырдтой сæ пресс-конференцийы Цхинвалы куыд цыд цæттæгæнæн куыст турнирмæ.

Коцты Тамерлан æмæ йæ зæрин богалтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тренеры хуызист: Коцты Тамерлан æмæ йæ "зæрин" богалтæ

Хуссар Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты секцийы хъомылгæнинаг Бестауты Андрей ссис Европæйы фыццагады уæлахиздзау, уый архайдта Уæрæсейы æмбырдгонды сконды.

Лæппу расгуыхт 110 кг уæзы - ныддæрæн кодта йæ ныхмæлæуджыты иууылдæр, йæ фембæлтæ ахицæн сты иумæйаг хыгъд 32:0. Финалы рамбылдта болгараг богал Георгий Любомиров-Ивановы 10:0 хыгъдæй.

Турниры уый уыд Ирыстоны иунæг минæвар.

"Ерысты уæлдай нæ вæййы Цæгат Ирæй стæм æви Хуссар Ирыстонæй. Мах хъахъхъæнæм Ирыстоны спортивон кад", - загъта тренер.

Богал йæхæдæг, куыд æцæг спортсмен афтæ дзураг нæ уыд. Цыбыртæй радзырта куыд бацыд спортмæ, уыдæттыл. Ныридæгæн лæппу ахуыр кæны æмрæстæджы ХИПУ-йы æмæ Цæгат Иры ХМИ, каст фæцис Цхинвалы æхсæзæм скъола фарон. Спортмæ бацыд цыппæрæм къласы æмæ уæдæй нырмæ кусы Коцты Тамерланимæ æмæ дарддæр дæр фæнд кæны йемæ кусын. Уый ма банысан кодта, йæ сæйраг нысан кæй у олимпиаг сыгъзæрин.

© Sputnik / Диана КозаеваБестауты Андрей æмæ йæ тренер Коцты Тамерлан
Нысан – олимпиаг сыгъзæрин: ирон богал радзырдта йæ уæлахизы тыххæй Европæйы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бестауты Андрей æмæ йæ тренер Коцты Тамерлан

Тренер Коцты Тамерлан ма радзырдта, радон мæйы фæсивæдмæ æнхъæлмæ кæсы дунейы фыццагад 18 азы онг спортсменты ʻхсæн. Уым архайдзысты æртæ ирон богалы - се хсæн йæ хъомылгæнинаг Зассеты Арсæмæг дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0