Фонд "Лæвар базырты" президент хæрзаудæн згъорды фæстиуджыты тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянДыккаг хæрзаудæн згъорд #RunTskhinval 2
Дыккаг хæрзаудæн згъорд #RunTskhinval 2 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрæмбырдгонд фæрæзтæ иууылдæр ратдзысты 36-аздзыд лæппу Бестауты Дживерсæн, кæцыйы хъæуы зынаргъ операци йæ цæстытыл

ЦХИНВАЛ, 1 июл  — Sputnik, Козаты Диана. Хæрзаудæн згъорд, кæцы ацыд Цхинвалы ивгъуыд улæфт бонты, æрæмбырд кодта 80 мин сомæй фылдæр низджын æвзонг лæппуйæн. 

Дыккаг хæрзаудæн згъорд #RunTskhinval_2 арæзт æрцыд фонд "Лæвар базыртæ", информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон æмæ Рог атлетикæйы скъолайы хъæппæрисæй. Хайад дзы райстой сæдæйæ фылдæр адæймаджы - нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ.

© Sputnik / Михаил Хасиев Хæрзаудæн згъорд Цхинвалы
Фонд Лæвар базырты президент хæрзаудæн згъорды фæстиуджыты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хæрзаудæн згъорд Цхинвалы

Ӕрæмбырдгонд фæрæзтæ иууылдæр ратдзысты 36-аздзыд лæппу Бестауты Дживерсæн, кæцыйы хъæуы зынаргъ операци йæ цæстытыл Израилы. Операцийы тыххæй лæппуйæ æркуырдтой авд милуан сомы, Йæ бинонтæ æрæмбырд кодтой суммæйы æрдæг, сæ хæдзæрттæ ныууæй кæнгæйæ.

"Мах æрæмбырд кодтам 84 мин сомы. Ацы аз згъорджытæ уыдысты къаддæр, фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, æхца æрæмбырд фылдæр.Уыдон ратдзыстæм Дживерсæн", - загъта Фонд "Лæвар базыртæ"-йы президент Цхуырбаты Татьяна.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, кæд æвзæр боныгъæд уыд, уæддæр мадзал ацыд хъæлдзæгæй æмæ цымыдисонæй.

Лæппуйæн æххуысæн ма Цхинвалы ацы бонты ацæудзæн хæрзаудæн концерт хуссар æмæ цæгат Иры эстрадæты стъалыты хайадистæй.

Дживерс у мануалон терапевт, уый хос кæны церебралон параличимæ сывæллæттæн. Йæ низмæ æнæкæсгæйæ, уый йæ куыст нæ уадзы, æххуыс кæны сабитæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0