Хуссар Иры цыппæрæм хатт расидтысты Нафийы преми

© Sputnik / Фатима ПлиеваПреми
Преми - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Премимæ куыстытæ бавдисæн ис сентябры æмбисмæ

ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хæрзаудæн фонд "Амонд" сиды литератортæм зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд, филологон зонæдты доктор Джусойты Нафийы номыл 2018-2019 æзты национ литературон премийы конкурсы хайад райсынмæ, фехъусын кодта Sputnik фонды разамонæг Челæхсаты Хъазбег.

Премимæ куыстытæ бавдисæн ис сентябры æмбисмæ.

"Уæлахиздзаутæн лæвæрд цæудзæн премиимæ иумæ лауреаты диплом æмæ Нафийы фæлгонцимæ майдан. Премийы фыццаг лауреат райсдзæн 150 мин сомы, дыккаг – 100 мин сомы æмæ 50 мин сомы та æртыккаг", — фехъусын кодта Челæхсаты Хъазбег.

Уый ма радзырдта, премийы бындурæвæрджыты сæйраг нысан кæй у, ирон æвзагыл чи фыссы уацмыстæ, уыдонæн сæ курдиатджындæрты фарс балæууын.

Ивгъуыд æзты премийы аккаг скодтой Джиккайты Шамилы, Наниты Асиаты, Багаты Аврамы, Абайты Эдуарды, Кокойты Эльзайы, Джыккайты Бэлайы, Чехойты Оляйы, Хетæгкаты Оксанайы, Хохойты Энверы. Уæлæмхасæн преми ма радтой зынгæ абхазаг поэт æмæ æхсæнадон архайæг Аламия Геннадийæн.

Цхинвалы радтой Нафийы премитæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Поэтессæ Чехойты Оля йæ премийы фæрæзтæ радта Цхинвалы рынчын сывæллæттæн

Преми райсынмæ кандидатты хъуамæ æвдисой сфæлдыстадон цæдистæ æмæ зонад-иртасæг уагдæттæ. Премимæ æвдыст цæуынц романтæ, уацаутæ, радзырдты æмбырдгондтæ, пьесæтæ æмæ æмдзæвгæты чингуытæ.

Премимӕ сӕ куыстытӕ бавдисыны фадат ис куыд Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фысджытӕн, афтӕ ма Турчы ӕмӕ дард фӕсарӕнты цӕрӕг ирӕттӕн дӕр. Уацмыстӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъуамӕ фыст уой ирон ӕвзагыл.

Хӕрзаудӕн фонд "Амонд" Джусойты Нафийы номыл æрвылазон аив литературон конкурс фыццаг хатт расидт 2015 азы кӕрон. Фонд сарæзта РХИ хицауады раздӕры сӕрдар Хуыгаты Ростик.

Ног хабӕртты лентӕ
0