"Электроцинчы" раздæры кусджыты ссифтонг кæндзысты ног куыстбынæттæй

© Пресс-служба главы РСО-Алания "Электроцинк"-ы дарддæры архайды фæдыл къамис
Электроцинк-ы дарддæры архайды фæдыл къамис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Электроцинк"-ы зынгсирвӕзт ӕрцыд 21 октябры ӕхсӕвы, арт аххӕссыд 4,5 мин квадратон метрыл, уый фӕстӕ заводы куыст ӕрурӕдтой

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik. "Электроцинчы" заводы раздæры кусджытæн ног куысты бынæттæ ссарыны хæс йæхимæ райста хъæппæрисджын къорд, хъусын кæны ПТРК "Алания". 

Электроцинк - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Электроцинк" ссыгътой барæй, фехъусын кодта заводы гендиректор

"Электроцинк"-ы зынгсирвӕзт ӕрцыд 21 октябры ӕхсӕвы, арт аххӕссыд 4,5 мин квадратон метрыл, уый фӕстӕ заводы куыст ӕрурӕдтой.

Телеуынынад куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ӕмгуыстады фарстатыл ныхас кæнынц канд республикæйы нæ, фæлæ ма сыхаг регионты дæр.

"Ацы фарстайыл кусгæйæ арæзт уыдзæн армукъа. Куыстдæттыны комитеты хыгъды ис 70 организацийы. Уыдон цæттæ сты 400 адæймагæн баххуыс кæнынмæ. Сæрмагонд фыстæджытæ арвыстӕуыд сыхаг республикæтæм. Сӕудӕджерадон куыстуæтты бон у 2 мин адæймаджы кусынмæ райсын. Фæлæ бирæты нæ фæнды хæдзарæй дарддзæф ран фæллой кæнын", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Куыстдæттыны комитеты куыд банысан кодтой, афтӕмӕй раздæры фæллойгæнджытæ нырма се 'ппæт куыст нæ агурынц, уый баст у уыимæ æмæ сентябры онг, законмæ гæсгæ, исдзысты мызд. Ис ма ахæмтæ дæр, кӕцытӕ сæвзæргӕ уавæры байгом кодтой сæхи куыстуат.

Ног хабӕртты лентӕ
0