Хуссар Иры фæфылдæр уыдзæн дзулы аргъ

© Sputnik / Наталья АйриянЗар
Зар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзулы аргъмæ æвæццæгæн 15 июлæй бафтдзæн дыууæ сомы

ЦХИНВАЛ, 3 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 600 грамм дзулы аргъ июлæй фæфылдæр уыдзæн дыууæ сомы æмæ схиздзæн 18 соммæ, фехъусын кодта Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим. Аргъыл схæцыны фарстыл уынаффæ цыд æргътæ æмæ тарифты æрнывыл кæныны фæдыл Ӕхсæнхицауадон къамисы рабадты.

Цхуырбаты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, амалиуæгад хæссы стыр хæрдзтæ, уымæн æмæ Уæрæсейы хизы хомæджы аргъ.

"Хуссар Ирыстоны Хицауады №33 бардзырдмæ гæсгæ 31.03.2015 азæй 600 грамм дзулы аргъ уыд 16 сомы. 2019 азы фыццаг кварталы æргъты банымадмæ гæсгæ дзулæн йæхи аргъ лæууы 23,7сомы, уымæ гæсгæ амалиуæгад хæссы стыр хæрдзтæ", - загъта уый.

Къамис сразы дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадимы æнхъарæныл дзулы аргъмæ дыууæ сомы бафтауыны тыххæй, цæмæй хæрдзты хай æмбæрзт цæуа.

Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг, экономикон райрæзты министр Бекъойты Геннадий банысан кодта, паддзахад кæй архайдзæн социалон дзулы аргъ уромыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0