Хуссар Иры равзардзысты хуыздæр социалон проект

© Sputnik / Наталья АйриянЧермен
Чермен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Грантон конкурсы уæлахиздзауы схорзæх кæндзысты цыппæрæмы Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 3 июл - Sputnik. Цхинвалы киноконцертон зал "Чермен"-ы цыппæрæм июлы фехъусын кæндзысты социалон проектты грантон конкурсы уæлахиздзауы, хъусын кæны Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæ.

"Конкурсы æвдыст æрцæудзысты рухсады, культурæйы, аивады, æнæниздзианд хъæхъхъæнынады, æрдз бахъахъхъæныны фадыджы проекттæ. Развæлгъау æвзæрст рацыдысты фондз проекты, уыдонæй жюри равзардзæн аккагдæр",- дзырдæуы хъусинаджы.

Ирон чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон мобилон æмхасæнты автор райста грант фæсивæдон форум "Машук"-ы

Хуыздæр проекты авторæн разхицæн æрцæудзæн фæрæзтæ йæ сæххæст кæнынæн. Нысан ма æрцыд, конкурсы уæлахиздзау финансон фæрæзты хардзы фæдыл хыгъд хъуамæ рата иу азы æмгъуыдмæ.

Конкурс цыд студенттæ, фæсивæдон æмæ æхсæнадон баиугæндты минæвæрттæ æмæ куыстыл хæст фæсивæды ʻхсæн.

Конкурс расидт Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет.

Ног хабӕртты лентӕ
0