Ноджы 100 мины: хæрзаудæн концерты æрæмбырд кодтой æхца æвзонг лæппуйы операцийæн

© Sputnik / Наталья АйриянХæрзаудæн концерты æрæмбырд кодтой фæрæзтæ æвзонг лæппуйы операцийæн
Хæрзаудæн концерты æрæмбырд кодтой фæрæзтæ æвзонг лæппуйы операцийæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бестауты Дживерсæн операци нысангонд у Израилы абонмæ. Бинонтæм ис хъæугæ суммæ - 7 милуаны æмбис, фонд дарддæр æмбырд кæны фæрæзтæ

ЦХИНВАЛ, 4 июл— Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг фонд "Лæвар базыртæ" æрæмбырд кодта æвзонг лæппуйы хос кæнынæн ноджы 100 мины сомы æртыццæджы хæрзаудæн концерты рæстæджы Цхинвалы.

Фонд Лæвар базыртæ баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонд "Лæвар базыртæ" баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн

Мадзалы архайынмæ сæрмагондæй Цхинвалмæ æрцыдысты Цæгат Ирыстоны эстрадæйы ирддæр минæвæрттæ, уыдон се 'ппæт дæр бакуыстой æнæаргъæй. Сценæйыл ралæууыдысты Цæгат Ирыстоны адæмон артисттæ - Хадыхъаты Алла, Дауыраты Эдуард æмæ Дзахойты Зæлинæ, сгуыхт артист Хъæбæлоты Руслан æмæ æндæртæ. Концерты архайдтой бынæттон вокалисттæ дæр.

"Уадиссаг бирæ адæм не ʻрбацыд, фæлæ се ʻхсæн бирæ сабитæ уыд. Ахсджиаг у кæстæрты аудгæ ахастыл æрцахуыр кæнын. Цыбыр æмгъуыдмæ концерт сорганизаци кодта Саппиаты Залинæ, æппæт артисттæ дæр архайдтой æнæаргъæй", - загъта Sputnik фонды разамонæг Цхуырбаты Татьяна.

Хӕрзаудӕн згъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik балӕууыд хӕрзаудӕн згъорд #RunTskhinval-ы фарс

Фæрæзтæ æмбырд цæуынц низæфхæрд лæппу Бестауты Дживерсæн хос кæнынæн, концерт уыд фонды дыккаг акци лæппуйæн - уый размæ хæрзаудæн згъорды #RunTskhinval_2, та æрæмбырд кодтой 84 мин сомы.

Фонды хистæры ныхæстæм гæсгæ, акцитæ нал уадзынц, фæлæ фæрæзтæ дарддæр æмбырд цæудзысты уагдæтты æмæ меценатты хсæн.

"Бестауты Дживерсæн йæ операци нысангонд у абонмæ, 4 июльмæ. Ис сæм хъæугæ фæрæзты æмбис æмæ уал райдыдтой архайын уымæй, мах куыд æмбырд кæнæм, афтæ сæ æрвитдзыстæм йæ хыгъдмæ", - бафтыдта Цхуырбаты Татьяна.

36-аздзыд лæппу Бестауты Дживерсæн хъæуы зынаргъ операци йæ цæстытыл Израилы. Операцийы тыххæй лæппуйæ æркуырдтой авд милуан сомы. Йæ бинонтæ æрæмбырд кодтой суммæйы æрдæг, сæ хæдзæрттæ ныууæй кæнгæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0