Цыппор богалы Ирыстонæй стох кæндзысты Уæрæсейы чемпионаты

© 15-й РегионЦыппор богалы Ирыстонæй стох кæндзысты Уæрæсейы чемпионаты
Цыппор богалы Ирыстонæй стох кæндзысты Уæрæсейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй райдайдзæн 5 июлы Сочийы, архайынц дзы зындгонд богалтæ

ЦХИНВАЛ, 4 июл— Sputnik. Ирыстоны иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй ацыд Сочимæ Уæрæсейы чемпионатмæ. Командæйы ис 40 спортсмены, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Чемпионат райдайдзæн 5-æм июлы, уый у дунеон ерыстæм æвзарæн мадзал. Тох ма кæндзысты 2020 азы Олимпиадæмæ бахауыныл дæр.

"Се ʻппæт дæр сты иттæг хорз цæттæ. Ерысты агъоммæ тренировкæтæ ацыдысты æмбæлгæ æмвæзадыл. Æрмæст бæрæг нæу, чемпионаты олимпаг чемпион Рæмонаты Сослан архайдзæн, æви нæ, уый. Хъыгдард у йе ʻнæниздзинад", - фыссы сайт командæйы сæйраг тренер Гозымты Хетæджы ныхæстæ.

86 килограммы онг категорийы æмбырдгонд командæйы ис дыууæ тыхджын хъæбысæйхæцæджы Уалыты Владислав æмæ Найфонты Артур. Сæ тыхтæ бафæлвардзысты Кцойты Сослан, Байцаты Владислав æмæ Гæззаты Аслан дæр.

Ӕртыццæджы спортментæ райстой ног экипировкæ. Спортивон уæлæдарæс самал кæнын сын баххуыс кодта экологийы æмæ æрдзон æвæрæнты министр Мамиаты Чермен. Ратдзысты йын физкультурæйы æмæ спорты рæзтмæ æвæрæны тыххæй майдан, загъта профилон министрады разамонæг Гæбулты Владимир.

Ног хабӕртты лентӕ
0