Хуссар Иры æруынаффæ кодтой æрранизы ныхмæ хосты цухдзинадыл

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæРабадты рæстæджы нысан æрцыд, хосгæнæн уагдæтты кæй ис вакцинæйы дефицит
Рабадты рæстæджы нысан æрцыд, хосгæнæн уагдæтты кæй ис вакцинæйы дефицит - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рабадты рæстæджы нысан æрцыд, хосгæнæн уагдæтты кæй ис вакцинæйы дефицит

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады ацыд санитарон-эпидемиологон къамисы рабадт, цы ран уынаффæ цыд æрранизæй адæймаджы бахизыны тыххæй хосты хъуагдзинадыл, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

Рабадты рæстæджы нысан æрцыд, республикæйы хосгæнæн-профилактикон уагдæтты кæй ис вакцинæйы дефицит. Хосты хъуагдзинад баст у уыимæ, æмæ бирæ рæстæг кæй нæй ссарæн иммунобиологион хостæн, кæцыты уадзынц Уæрæсейы.

Фермӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ставд фосӕн уагъд цӕуы вакцинаци

Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министр Тотчиты Георгийы ныхæстæм гæгæ, "скъуыддзаггонд æрцыд бахатын æххуысмæ уæрæсейаг медицинон уагдæттæм, кæцытæм ис хъæугæ препараты фæстауæрцтæ".

Афтæ ма рабадты рæстæджы банысан æрцыд, санитарон æмæ ветеринарон службæтæ кæй уадзынц профилактикон мадзæлттæ, сæ хъус дарынц хæдзарадты уавæрмæ.

Цæстдарды уагдоны адæммæ сидынц, цæмæй сæхи хизой дзæгъæл фос æмæ цæрæгойтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0