Дзауы цӕрӕджы ӕрцахстой бӕлӕстӕ ӕнӕзаконон ракалыны тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЕдыс
Едыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Милицийы кусджытӕ хъӕды ӕрурӕдтой хӕдтулгӕ бӕлӕстимӕ

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik. Милицийы кусджытӕ Дзауы районы ӕрцахстой нӕлгоймаджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта бӕлӕстӕ ӕнӕзаконон ракалынмӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы администрацийы бӕстыхайӕ адавтой 300 мин сомӕй фылдӕр

Дзауы районы Мидхъуыддӕгты хайадмӕ бацыд информаци, Хъорсеуы хъӕуы цур хъӕды бӕлӕстӕ кӕй калынц, уый фӕстӕ цауы бынатмӕ ацыд оперативон къорд.

"Милицийы кусджытӕ хъӕды ӕрурӕдтой хӕдтулгӕ "Камаз-43101" фараст бӕласимӕ. Барадхъахъхъӕнджытӕ сбӕрӕг кодтой, фыдгӕнӕг кӕй уыд Дзауы поселочы 32-аздзыд цӕрӕг, кӕцы басаст йӕ фыдракӕндыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цауы ӕрмӕджытӕ барвыстой МХМ фӕдагуырды хайадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0