Цхинвалы цӕрӕджы фӕивар кодтой гӕн зайын кӕныны тыххӕй

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы цӕрӕджы фӕивар кодтой гӕн зайын кӕныны тыххӕй
Цхинвалы цӕрӕджы фӕивар кодтой гӕн зайын кӕныны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕджы цӕхӕрадоны ссардтой гӕны 50 къутӕрӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik. Милицийы кусджытӕ ӕрбаздӕхтой бӕрнмӕ Цхинвалы цӕрӕджы гӕн ӕнӕзаконон зайын кӕныны тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Цхинвалы тӕрхондон фӕивар кодта зӕрдӕхсайгӕ нӕмлгоймаджы аст мин сомы бӕрц.

гӕн  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг гӕн ӕвӕрыны тыххӕй

"Цхинвалы 38-аздзыд цӕрӕджы цӕхӕрадоны ссардтой гӕны 52 къутӕры. Эксперты скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, зайӕгойы сконды ис наркотикон буарад тетрагидроканнабинол", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма сбӕрӕг кодтой, нӕлгоймаг кӕй пайда кодта наркотикон буарадтӕй.

Афтӕмӕй зӕрдӕхсайгӕ нӕлгоймаг фехӕлдта уголовон кодексы статья "ӕнӕзаконон рӕзын кӕнын зайӕгойты, кӕцыты ис наркотикон, кӕнӕ психотропон буарадтӕ" ӕмӕ РХИ "наркотикон, кӕнӕ психотропон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны фӕдыл" закон.

Ног хабӕртты лентӕ
0