ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы газифтонгад хицæн не ʻрцæудзæн, фехъусын кодта Sputnik "Энергоресурс"-ы генералон директоры хæдивæг, газифтонгады службæйы хистæр Табуты Нугзар.
Хуссар Иры хъавыдысты дыууæ бонмæ ахицæн кæнын газифтонгад – 11 æмæ 12 июлы, уый тыххæй хъусинаг уыд ПТРК "Ир"-ы эфиры.
"Ставрополæй "Газпром" хъавыд ахицæн кæнын æрдзон газ. Ныридæгæн нæм фехъусын кодтой, цы куыстытæ хъавыдысты бакæнынмæ, уыдон кæй сæххæст кодтой газифтонгад æнæахицæнгæнгæйæ", - загъта Табуты Нугзар.
"Газпром" 2009 азӕй фӕстӕмӕ райдыдта уадзын ӕрдзон газ Хуссар Ирыстонмӕ "Дзуарыхъӕу-Цхинвал" хӕтӕлы уылты. Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны ӕрдзон газ исы азы мидæг 35-36 милуан кубометры.