Хуссар Иры мидхъуыддæгты министр скритикæ кодта йæ кусджыты

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ МХМ
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мидхъуыддæгты министрады службæтæ æмæ дæлхайæдты къуырийы куысты фæстиуджытыл уынаффæ цыд уагдоны оперативон рабадты

ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь банысан кодта, райгонд кæй нæу уагдоны кæцыдæр службæты куыстæй. Радон оперативон рабадтыл уый критикæйы бын фæкодтаминистрады радгæсон хайæдты æмæ банысан кодта, оперативон радгæстæ нæ координаци кæнынц æндæр службæты куыст, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.

Хуссар Иры МХМ кусджытӕ ацыдысты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны курсытӕ ХИПУ-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ кусджытӕ ацыдысты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны курсытӕ ХИПУ-йы

Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй ма министр равдыста æнæразыдзинад министрады къухдариуæгадæй бæрнон кусджыты куыстæй, "кæцытæ дзуапп нæ дæттынц службæ хæссыны гъæдæн".

Наниты Игорь бахæс кодта раивын радгæсон слестгæнæн-оперативон къордты улæфт æмæ куысты график.

Афтæ ма министр уайдзæфты бын фæкодта уагдоны службæты æмæ дæлхайæдты къухдариуæггæджыты куыст дæр. Йæ бирæ барамындтæ, бахахх кодта уый, баззадысты гæххæттыл.

МХМ сæргълæууæг бафтыдта, кусджытæ ныллæг дисциплинæ æмæ сæ хæстæ рæстæгыл не' ххæст кæныны тыххæй цæудзысты æфхæрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0