"Скифтæ", "Алантæ", "Митын фыранктæ" æмæ "Экстремалтæ": Дзауы бакодтой улæфæн лагерь

© Sputnik / Наталья АйриянДзауы бакодтой улæфæн лагерь
Дзауы бакодтой улæфæн лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
60 сывæллоны райсом 7 сахатæй 10-ы онг архайныц спортивон ерысты, сфæлдыстадон конкурсты æмæ абалц вæййынц Дзауы районы фенддаг бынæттæм

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Дзауы районы скъола-интернаты бындурыл скуыста сæрдыгон улæфæн лагерь. Сывæллæттæн сарæзтой хиирхæфсæн, ерыс кæнæн æмæ экскурситы нывæзт. Райсом авдæй изæры дæс сахатмæ æрыгон фæлтæр сты хъуыддагыл хæст.

Лагерь æрбангом кодта 60 скъоладзауы горæттæ Цхинвал æмæ Къуаисайæ æмæ Хуссар Иры æндæр къуымтæй.

© Sputnik / Наталья АйриянДзауы бакодтой улæфæн лагерь
Скифтæ, Алантæ, Митын фыранктæ æмæ Экстремалтæ: Дзауы бакодтой улæфæн лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы бакодтой улæфæн лагерь

Улæфджытæ дих сты цыппар къордыл, алы баиугонд дæр йæхицæн равзæрста нæмттæ – "Скифтæ", "Алантæ", "Митын фыранктæ" æмæ "Экстремалтæ". Алкæцы къордæн дæр сывæллæттæй сæхицæй равзæрстой раздзогты, ис сын сæхи зарæг дæр. Ралæудты рæстæджы сывæллæттæ сæ тых сæ бонæй ныззарынц Цæрыкъаты хоты "Аланы", Икъаты Ибрагимы "Ирон дæн", Султан Ураганы "Цхинвал" æмæ æндæр зарджытæ. Фæлæ чысыл фæстæдæр патриотикон мелодитæ фæтар вæййынц æмæ сывæллæттæ æркафынц фæсарæйнаг хитты аив зæлтæм.

© Sputnik / Наталья АйриянДзауы бакодтой улæфæн лагерь
Скифтæ, Алантæ, Митын фыранктæ æмæ Экстремалтæ: Дзауы бакодтой улæфæн лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы бакодтой улæфæн лагерь

Улæфджыты хсæн ис ахæм сывæллæттæ дæр, кæцытæ фыццаг хатт сæ каникулты хай æрвитынц сæрдыгон улæфæн лагеры.

"Фыццаг хатт дæн улæфæн лагеры. Тынг хæлар стæм иууылдæр, мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Стæй ма мæ фæнды фенын Дзауы фенддаг бынæттæ. Нырæй фæстæмæ уыдзæн лагерьты æдзух уазæг", - радзырдта Sputnik Гимнази "Рухс"-ы ахуырдзау Ӕлборты Лиза.

Хиирхæфсæн нывæзтæй дарддæр ма сывæллæттæм æрхауы бæрнон хæслæвæрдтæ дæр. Плиты Милена йæ къордæн цæттæ кæны стенгазетæ.

© Sputnik / Наталья АйриянДзауы бакодтой улæфæн лагерь
Скифтæ, Алантæ, Митын фыранктæ æмæ Экстремалтæ: Дзауы бакодтой улæфæн лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы бакодтой улæфæн лагерь

"Нæ къорды стенгазетæйыл уыдзæн симгæ къай, Ирыстоны авд хохы, нæ тырыса æмæ йæ хуызты нысаниуæг иртасæн уæлфысттæ. Ӕмæ ма уыдзæн рæсугъд дæр", - загъта Милена.

Фæсивæд нырма улæфынц фæндзæм бон, се ʻппæт дæр райгонд сты сæ улæфтæй. Сæумæ райсом зарядкæйыл дæр рцахуыр сты.

"Боны фыццаг хай нывонд у массон сфæлдыстадон мадзæлттæн, уый фæстæ вæййы спортивон ерыстæ æмæ балцытæ районыл", - загъта лагеры организатор Бибылты Мальвина.

Уый ма банысан кодта, фыццаг къорды кæй улæфы 60 сывæллоны, дыууæ куырийы фæстæ сæ раивдзæн дыккаг къорд.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0