ЦХИНВАЛ, 15 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъоладзаутӕ райдайдзысты ахуыр кӕнын ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ ног чингуытӕй, радзырдта интервьюйы Sputnik Ахуырады министрады националон ахуырады хайады хистӕр Козаты Инга.
Чингуытӕ баххӕст кӕндзысты скъолаты библиотекӕтӕ ног ахуырадон азы райдайӕнмӕ.
"Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы чингуытӕ бацӕттӕ кодтой фыццагӕй фарастӕм къласмӕ ахуыргӕнинӕгтӕн. Чингуытыл кусынц ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрзонд квалификацигонд ахуыргӕнджытӕ, хуссарирыстойнаг Зонадон-иртасӕн институт ӕмӕ ХИПУ-йы кусджытӕ профессор Битарты Зояйы къухдариуӕгады бын", - загъта Козаты Инга.
Уый банысан кодта, чингуытӕ ныммыхуыр кӕныны хъуыды кӕй фӕзынд цалдӕр азы размӕ, фӕлӕ йӕ срелизаци кӕнынӕн фадӕттӕ нӕ уыд.
Козаты Ингайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, чингуытӕй архайдзысты фондз азы, уый тыххӕй ӕмӕ сӕ ӕрвылаз ногӕй рауадзынӕн уагдонӕн фӕрӕзтӕ нӕй.
"Ныры чингуытӕ рауагътой Цӕгат Ирыстоны, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъдзӕн, ӕвзӕр кӕй сты, фӕлӕ дзы цъус информации ис Хуссар Ирыстоны тыххӕй. Литературӕйы чиныджы бынтондӕр нӕй хуссарирыстойнаг фысджытӕ, ног чингуытӕй та скъоладзаутӕ базондзысты Козаты Исидор, Икъаты Владимир ӕмӕ Хъазиты Мелитоны цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй", - бафтыдта уый.
Козаты Инга загъта бузныг республикӕйы къухдариуӕгадӕн чиныг рауадзынӕн ӕххуысы тыххӕй.
Амӕйразмӕ хъусын кодтой, ног ахуырадон азы республикӕйы скъолатӕ райсдзысты Ирыстоны историйы ног чингуытӕ: рауадздзысты сӕ дыууӕ ӕвзагыл – ирон ӕмӕ уырыссагыл.