ЦХИНВАЛ, 16 июл – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы ацыд хæрзаудæн концерт æмæ армукъа-равдыст "Хиконд". Мадзалы фæрæзтæ – 50 мин сомы бæрц здæхт æрцæудзысты арт-тыгъдад "Портал"-ы фасады арæзтадмæ, фехъусын кодта Sputnik организатортæй иу Джиоты Къоста.
![Арт-тыгъдад Портал-ы фасад арæзт æрцæудзæн хæрзаудæн фæрæзтæй Арт-тыгъдад Портал-ы фасад арæзт æрцæудзæн хæрзаудæн фæрæзтæй - Sputnik Хуссар Ирыстон](https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/895/97/8959703_0:0:3071:2048_600x0_80_0_0_7ec1e40b582bf04fef1e42a51a33605c.jpg)
Мадзæлттæ ацыдысты Профцæдисты бæстыхайы майрӕмбоны.
"Бирæ адæм æрбацыд концертмæ, уый æнхъæл нæ уыдыстæм. Арт-тыгъдад "Портал"-ы ӕххуысӕн хæрзаудæн мадзæлтты æрæмбырд ис 50 мины бæрц. Фæрæзтæ здæхт æрцæудзысты арт-тыгъдады хӕрзарӕзтадӕн, фыццаг рады нæ фæнды саразын бæстыхайы фасад", - загъта Джиоты Къоста.
Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, ивгъуыд аз бархиуонтæ кæй бафснайдтой арт-тыгъдад "Портал" æмæ æххуысы фæрæзтæй раивтой йæ агъуыст.
![Арт-тыгъдад Портал-ы фасад арæзт æрцæудзæн хæрзаудæн фæрæзтæй Арт-тыгъдад Портал-ы фасад арæзт æрцæудзæн хæрзаудæн фæрæзтæй - Sputnik Хуссар Ирыстон](https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/895/96/8959602_0:0:3071:2048_600x0_80_0_0_bf61812260628f5ca360d3c5e372432b.jpg)
"Портал"-ы ӕххуысӕн концерты ралӕууыдысты музыканттӕ Алла Кокион, Гуыцмӕзты Гога, Джиоты Люба, Гуыцмӕзты Инна, Дзигойты Марина, ансамбль "Къона" ӕмӕ ансамбль "Уацамонгӕ"-йы солист.
Ног арт-тыгъдады арӕзтад райдыдта Цхинвалы фарон апрелы.