Бæрæгбон æмæ ерыстæ: Цхинвалы ацæудзæн турнир шахматтæй

CC0 / / Шахматы
Шахматы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты архайдзысты 20 хъазæджы Ирыстоны хуссарæй æмæ цæгатæй

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны банысан кæндзысты æппæтдунейон шахматты бон æппæтреспубликон турнирæй. Ерысты архайдзысты Хуссар Иры хуыздæр хъазджытæ, скъоладзауты хсæн арæхстджындæр шахматисттæ æмæ дыууæ хъазæджы Цæгат Ирæй, фехъусын кодта Sputnik шахматты федерацийы президент Саулохты Георгий.

Ерыстæ ацæудзысты сабаты, 20 июлы Цхинвалы æмдзæрæндоны конференц-залы.

"Шахматист, поэт æмæ публицист Гобозты Валерийы цыппæрæм номарæн мемориал ацы аз æрæмных кодтам æппæтдунейон шахматты бонмæ. Ерысты хайад райсдзысты 20 хъазæджы бæрц, се хсæн республикæйы хуыздæр хъазджытæ куыд кæстæр фæлтæр, афтæ скъоладзаутæ дæр. Стæй ма дыууæ хъазæджы та æрхуыдтам Цæгат Ирæй", - загъта Саулохты Георгий.

Турнир аразы шахматты федераци спорты комитетимæ иумæ.

Шахматты федераци хоны чызджыты турнирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг республикӕйы: Шахматты федераци хоны чызджыты турнирмӕ

Хуссар Ирыстоны шахматты федераци арӕзт ӕрцыд 2016 азы, йӕ сӕргъ слӕууыд йӕ бындурӕвӕрӕг Саулохты Георгий. Уымӕй размӕ шахматты ӕмӕ шашкиты федераци уӕвынад кодтой иумӕ. Фӕстаг ӕзты шахматон турниртӕ республикӕйы сарӕх сты – ӕрвылазон сты Гобозты Валерийы номарӕн турнир, Республикӕйы чемпионат ӕмӕ ӕндӕр ерыстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0