Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг дыууӕ миллиард сомӕй

© Сайт главы и правительства РСО-АДжӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг
Джӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндаджы арӕзтадӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты федералон бюджетӕй

ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны райдыдтой аразын фӕндаг Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн, объекты аргъ у дыууӕ миллиард сомӕй фылдӕр, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

27 азы дӕргъы иунӕг маршрут, кӕцы иу кодта Мӕздӕджы район республикӕйы центримӕ, у фӕндаг Кӕсӕг-Балхъары территорийы уылты.

© Сайт главы и правительства РСО-А Джӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг
Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг дыууӕ миллиард сомӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг

Республикӕйы ӕртыццӕджы райдыдтой фӕндаджы арӕзт, кӕцыйы дӕргъ уыдзӕн 57 километрӕй фылдӕр.

"Махмӕ раст нӕ каст, республикӕйы егъау районӕн кӕй нӕй комкоммӕ бастдзинад столицӕимӕ. Уый тыххӕй фӕзынд социалон-экономикон проблемӕтӕ дӕр, кӕцытӕ ӕндавынц адӕмы цардыл. Фӕлӕ фидӕн аз Джӕуджыхъӕуӕй Мӕздӕгмӕ фӕндаг уыдзӕн дыууӕ хатты цыбырдӕр", - банысан кодта церемонийы рӕстӕджы Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

© Сайт главы и правительства РСО-А Джӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг
Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг дыууӕ миллиард сомӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕздӕджы хсӕн сараздзысты фӕндаг

Регионы пресс-службӕйы банысан кодтой, Битарты Вячеслав кӕй банхъардта фӕндаг саразын 2018 азы, ацы темӕ уыд сӕйраг Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин ӕмӕ премьер-министр Дмитрий Медведевимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Фӕндагон куыстытӕн хъӕуы дыууӕ миллиард сомӕй фылдӕр, суммӕйы 95% рахицӕн кӕндзысты федералон бюджетӕй, иннӕ хай та республикон бюджетӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0