ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурӕты тренер Сланты Виталий фехъусын кодта 15-ӕм Регионӕн, америкайаг Джоуи Давейкоимӕ тох кӕй аивтой Гасситы Мурӕты травмӕйы тыххӕй.
Сланты Виталий банысан кодта, Гасситы Мурӕт кӕй ацӕудзӕн медицинон басгӕрст Германийы.
Уӕрӕсейы боксы Федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев дӕр фехъусын кодта РИА Новости, Гасситы Мурӕт кӕй райста травмӕ ӕмӕ йын йӕ тох аивтой.
"Хъыгагӕн, Гасситы Мурӕт райста травмӕ ӕмӕ йын йӕ тох аивтой. Йӕ уӕхск риссы, ацӕудзӕн Германимӕ медицион басгӕрстмӕ. Хуыцау зӕгъӕт, цӕмӕй Мурӕтӕн алцыдӕр уа хорз йӕ ӕнӕниздзинадимӕ", - загъта Умарк Кремлев.
Ныхмӕлӕуджытӕ хъуамӕ фембӕлдаиккой 27 июлы Арлингтоны. Тох уыдаит дебютон Гасситы Мурӕтӕн уӕззау уӕзы.
Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.