Хуссар Иры депутаттӕ ацыдысты каникулты

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры депутаттӕ ацыдысты каникулты
Хуссар Иры депутаттӕ ацыдысты каникулты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спикер Тадтаты Алан банысан кодта, кӕй арвитдзӕн каникултӕ йӕ кусӕгон бынаты

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ацыдысты сӕрдыгон каникулты, кӕцытӕ адаргъ уыдзысты сентябрмӕ.

Майрӕмбоны депутаттӕ ауагътой фыццаг сессийы фӕстаг рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы хорзыл банымадтой ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ, дыууӕ комитеты уагӕвӕрд, сфидар кодтой Уӕрӕсейы Федерацийы Советимӕ ӕмгуыстады фӕдыл къамисы сконд ӕмӕ аскъуыддзаг кодтой бадзурын Паддзахадон думӕмӕ, цӕмӕй банымайой 1920 азы ирӕтты геноцид.

"Каникулты рӕстӕджы ӕз уыдзӕн мӕ кусӕгон бынаты, уӕ бон у баудзырн мӕм цыфӕнды фарстимӕ дӕр. Махӕн нӕ бон у ӕрдзурын дарддӕры архайды фӕдыл нывӕзтытӕ ӕмӕ хъӕппӕристыл, цӕмӕй базонӕм, цӕуыл кусдзӕн парламент улӕфты фӕстӕ", - фехъусын кодта депутаттӕн спикер Тадтаты Алан.

Ног ӕрсидты парламент ацыд каникулты депутаттӕм ӕвзӕрстытӕй иу мӕйы фӕстӕ. Уыцы рӕстӕгмӕ закондӕттӕг органы ацыд ӕртӕ рабадты, кӕцыты рӕстӕджы сфидар кодтой структурӕ, равзӕрстой спикеры ӕмӕ парламентон комитетты разамонджыты.

Хуссар Иры парламент бадзурдзӕн Паддзахадон думӕмӕ, цӕмӕй банымайой ирӕтты геноцид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент бадзурдзӕн Паддзахадон думӕмӕ, цӕмӕй банымайой ирӕтты геноцид

Уымӕй дарддӕр хуссарирыстойнаг депутаттӕ июлы хайад райстой дыккаг Ӕхсӕнадӕмон форумы "Парламентаризмы райрӕзт". Делегацийы сконды, кӕцыйы сӕргъ лӕууыд спикер Тадтаты Алан, уыдысты вице-спикер Плиты Александр ӕмӕ законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты сӕрдар Габатты Алан.

Ӕвдӕм ӕрсидты парламент ног законтӕ нырма нӕ райста, фӕлӕ дыууӕ комитеты каникулты ацӕуыны размӕ снысан кодтой куысты нывӕзт азы кӕрӕттӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0