Тæрхоны рæдыд: хуссарирыстойнаг боксеры рацух кодтой уæлахизæй

© Из архива тренера В. ХаситыТæрхоны рæдыд: хуссарыстойнаг боксеры рацух кодтой уæлахизæй
Тæрхоны рæдыд: хуссарыстойнаг боксеры рацух кодтой уæлахизæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Санахъоты Аслан цыппарраундон тохы уыд зынгæ тыхджындæр, фæлæ рефери рæдыдæй схæцыд ныхмæлæууæджы къухыл

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг боксер Санахъоты Асланы тох æхсæнадæмон турниры официалон скъуыддзагмæ гæсгæ ахицæн æмдыхæй. Кæсджытæ Асланы банымадтой зынгæ тыхджындæрыл, рефери та схæцыд йæ ныхмæлæууæджы къухыл, фехъусын кодта Sputnik йæ ахуыргæнæг, спорты галуан "Олимп"-ы хистæр тренер Хаситы Владислав.

Тæрхонгæджыты рæдыды тыххæй фыссы Абхазы Sputnik дæр.

Хуссарирыстойнаг боксерты къорд хайад райста Абхазы республикæйы æхсæнадæмон профессионалон боксы изæр "Кубок государства Абхазия"-йы. Санахъоты Асланæн йæ дебюты профессионалон рингыл æмдзу кодтой зындзинæдтæ - турниры хæдразмæ лæппуйæн фæивтой йæ ныхмæлæууæджы.

© Из архива тренера В. ХаситыХуссарирыстойнаг боксерты къорд хайад райста Абхазы республикæйы æхсæнадæмон профессионалон боксы изæр "Кубок государства Абхазия"-йы
Тæрхоны рæдыд: хуссарирыстойнаг боксеры рацух кодтой уæлахизæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг боксерты къорд хайад райста Абхазы республикæйы æхсæнадæмон профессионалон боксы изæр "Кубок государства Абхазия"-йы

"Ерысты сæйраг хатдзæг у - боксер Санахъоты Асланы йæхи сфæлвæрдта профессионалон рингыл, равдыста цыппарраундон фендтаг тох, кæд боксы изæры сæйрæг фембæлд уый нæ уыд, уæддæр æй ахæм скодтой. Ацы фембæлды Аслан уыд уæлахиздзау, фæлæ рефери схæцыд бынæттоны къухыл, фæстæдæр сæ хыгъды тохæн ныффыстой æмдых хатдзæг", - загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, кæстæр фæлтæры ʻхсæн та турниры стох кодтой Яралов Ян æмæ Бестауты Аслан.

"Бестауты Аслан йæхи равдыста лæмæгъдæр, фæлæ Яралов Ян диссаджы тох равдыста - йæ ныхмæлæууæг уыд зынгæ стырдæр, фæлæ нæ боксер размæ бырста", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны командæйæн тохтæй дарддæр уыд фембæлдтæ дæр - цхинвайлаг боксерты райста горæты мэр æмæ сыл хорз сæмбæлд Хуссар Иры минæвар хæларадон республикæйы Боциты Олег.

"Официалон æмвæзады хорз райстой нæ командæйы, фембæлд ацыд горæты мэримæ, цы ран уый нæ боксерæн радта лæвар сæ бæстæйы президенты номæй", - балхынцъ кодта тренер.

Хаситы Владислав ма бафтыдта, ныридæгæн командæ йæхи цæттæ кæны Арцахы республикæйы гуырахстджын турнирмæ, кæцы ацæудзæн августы райдайæны.

© Из архива тренера В. ХаситыФембæлд ацыд горæты мэримæ, цы ран уый нæ боксерæн радта лæвар сæ бæстæйы президенты номæй
Тæрхоны рæдыд: хуссарирыстойнаг боксеры рацух кодтой уæлахизæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фембæлд ацыд горæты мэримæ, цы ран уый нæ боксерæн радта лæвар сæ бæстæйы президенты номæй

Боксертæ Абхазы республикæмæ ацыдысты Хуссар Иры парламенты хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады комитеты хистæр Бибылты Ацæмæзы æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0