Хуссар Иры срæвдз кодтой арæзтадон æрмæджыты рауагъд

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры срæвдз кодтой арæзтадон æрмæджыты рауагъд
Хуссар Иры срæвдз кодтой арæзтадон æрмæджыты рауагъд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæзтадон æрмæджыты завод ныридæгæн уадзын райдыдта блоктæ, фæстæдæр фæнд кæнынц хъæдфадæн цех саразынмæ

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны Иры хъæуы арæзтадон æрмæджыты заводы бындурыл срæвдз кодтой блокты рауагъд, бынæттон æрмæгæй амад цæуы Цхинвалы сабидон, фехъусын кодта Sputnik Заводы генералон директор Тедеты Сослан.

Завод нырма æппæт хъомысадæй нæ кусы, фæлæ уал уадзы тротуарон плиткæ, бордюртæ, электроадæттæн хæххытæн цæджындзтæ, канализацион цæгтæ.

"Блоктæ уадзын райдыдтам æрæджы, ныртæккæ Цхинвалы Чиаты Иосифы уынгыл цы сабидон арæзт цæуы, уыдон ифтонг цæуынц мах блоктæй. Горæты цы уынгтæ арæзт цæуы, уыдон дæр плиткæтæ æмæ бордюртæ, канализацион цæгтæ махмæ æлхæнынц", - загъта Тедеты Сослан.

Кондад ныридæгæн райста гуырахстджын заказтæ.

Куыд бакодтой ног завод Хуссар Иры - видео - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд бакодтой ног завод Хуссар Иры - видео

"Паддзахадон-унитарон куыстуат "Энергоресурс"-æн сараздзыстæм 1500 цæджындзы электроадæттæн хæххытæн. Æрæджы ма æрластам æмбондгæнæн цæджындзты формæтæ дæр æмæ тагъд æрæвналдзыстæм сæ уадзынмæ. Уыдон та араздзыстæм сæнæфсир куыст чи кæны, уыцы арендатортæн", - бафтыдта Тедеты Сослан.

Уый ма банысан кодта, æввахс рæстæджы кæй райдайдзысты кусын бынæттон хомæгæй.

"Ис ма нæм дурцъæлгæнæн. Скусдзæн æввахс бонты æмæ ахъаз уыдзæн, цæмæй республикæйæн æддейæ æрмæджыты иу хай ласын мауал хъæуа. Уый та æнæмæнг фæтагъддæр кæндзæн кондады процесс", – балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0