Бибылты Анатолий: ДИФ-тӕ ӕндавынц Хуссар Иры ахсджиагдӕр процесстыл

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны нысан кӕнынц националон ДИФ-ты кусджыты бон
Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц националон ДИФ-ты кусджыты бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дыццӕджы нысан кӕнынц националон ДИФ-ты кусджыты бон, ацы бӕрӕгбоны цытӕн сын раарфӕ кодта республикӕйы президент

ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны дзыллон информацион фӕрӕзтӕн (ДИФ) ис ахсджиаг бынат ӕхсӕнады политикон, социалон ӕмӕ культурон царды арӕзтады, дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы националон ДИФ-ты кусджыты боны цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Хъотайты Мария - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъотайты Мария: Хуссар Иры информацийы комитет ӕххуыс кӕны хициуад ӕмӕ ӕхсӕнады баныхасӕн

Президент банысан кодта, дзыллон информацион фӕрӕзтӕ кӕй ӕндавынц Хуссар Ирыстоны ахсджиагдӕр процесстыл ӕмӕ хӕссынц стыр хайбавӕрд паддзахады демократон бындуртӕ сфидар кӕнынмӕ.

"Хуссар Ирыстоны ДИФ-тӕ равдыстой сӕ стыр профессионализм информацион блокадӕйы уавӕрты. Уӕ профессионалон миниуджытӕн стыр фӕлварӕн уыд 2008 азы августы, дунейы ӕхсанӕдӕн куы радзырдтат хуссар ирӕтты хъайтар уӕлахизы тыххӕй сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады тохы", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы цӕст бауарзта Хуссар Ирыстоны ДИФ-ты кусджытӕн ӕмӕ сӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕн, кӕцытӕ кусынц республикӕйы, фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ сӕ фидӕны нывӕзтыты сӕххӕст.

Дзыллон информацион фӕрӕзты кусӕджы бон нысан кӕнынц Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз 23 июлы, 1996 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы бон 1906 азы Дзӕуджыхъӕуы рацыд мыхуыры фыццаг газет ирон ӕвзагыл "Ирон газет".

Ног хабӕртты лентӕ
0