Хуссар Иры ӕрцыд зӕххӕнкъуыст

© AFP 2022 / FREDERICK FLORINСейсмограф
Сейсмограф - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы цӕрджытӕ банкъардтой зӕххы бын риуыгъдтытӕ 21.00 сахатыл столицӕйы, афтӕ ма Къуайса, Дзау ӕмӕ Лисы районы

ЦХИНВАЛ, 23 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ къуырисӕры банкъардтой зӕххы бын риуыгъдтытӕ, кӕцыты эпицентр уыд Гуырдзыстоны, фехъусын кодтой республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

"Зӕххӕнкъуысты эпицентр уыд Гуырдзыстоны. Хуссар Ирыстоны банкъардтой зӕххы бын риуыгъдтытӕ, кӕцыты тых уыд 4,1", - банысан кодтой уагдоны.

УУМ бафтыдтой, республикӕйы зианбаййафджытӕ кӕй нӕй.

Зӕххӕнкъуысты эпицентр уыд 50,5 километр дарддӕр Цхинвалӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0