ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ радзырдта, уагдон кӕй нывӕнды ӕххӕст кӕнын ӕнӕаргъ юридикон ӕххуыс цӕрджытӕн. Уый тыххӕй министр фехъусын кодта премьер-министр Пухаты Эрикимӕ фембӕлды рӕстӕджы, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фарстыл кусынц республикӕйы адвокатты корпусимӕ.
Афтӕ ма Лалыты Зӕлинӕ радзырдта хицауады сӕрдарӕн Юстицийы министрады архайды фӕстиуджыты тыххӕй 2019 азы ӕхсӕз мӕймӕ.
Ацы периодмӕ уагдон иумӕйагӕй радта 369 экспертон уынаффӕйы, паддзахадон нотариустӕ ӕркастысты 7,6 мин нотариалон куырдиатмӕ, ӕрдомдтой паддзахадон фиддонтӕ 550 мин сомы бӕрц.
Уымӕй дарддӕр ма службӕты специалисттӕ иудадзыг ацӕуынц районтӕм, цӕмӕй баххуыс кӕной хъӕуы цӕрджытӕн аскъуыддзаг кӕнын сӕ фарстытӕ бынаты.
Фембӕлды рӕстӕджы ма банысан кодтой, Юстицийы министрад дарддӕр кӕй кусы республикӕйы законты унификацийыл, афтӕ ма рауадзы бюллетень, цы ран вӕййынц нормативон-барадон акттӕ, цӕмӕй сӕ рӕстӕгыл ныммыхуыр кӕной.
Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта уагдоны пайдаджын куыст ӕмӕ загъта бузныг министрады сӕргълӕууӕгӕн хыгъдлӕвӕрды тыххӕй.
"Ды активон куыст кӕныс ӕрмӕст юстицийы аппаратимӕ нӕ, фӕлӕ ма структурон дӕлхайадтимӕ, афтӕ ма стыр куыст цӕуы республикӕйы законты унификацийы фӕдыл", - бахахх кодта Пухаты Эрик.
Хицауады сӕрдар бафтыдта, зӕгъгӕ, уагдоны проблемӕтӕ скъуыддзаг цӕудзысты.