Хуссар Иры МХМ радзырдта дзӕгъӕл куыйты проблемӕйы тыххӕй

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры МХМ радзырдта дзӕгъӕл куыйты проблемӕйы тыххӕй
Хуссар Иры МХМ радзырдта дзӕгъӕл куыйты проблемӕйы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Милицийы кусджытӕн ис бар пайда кӕнын хӕцӕнгарзӕй, цӕмӕй ӕнӕзианхъом скӕной сырды, кӕцы у тӕссаг адӕймаджы цард ӕмӕ ӕнӕниздзинадӕн, банысан кодтой уагдоны

ЦХИНВАЛ, 24 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны срегистраци кодтой 198 куырдиаты медиктӕм куыйты фӕхӕцыны фӕдыл. Ӕрмӕст сывӕллӕтты рынчындонмӕ ахӕм диагнозимӕ бацыд 132 сывӕллоны, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Тӕссаг уавӕры рӕстӕджы гӕнӕн ис фӕдзурын радгас хайадмӕ ацы номыртӕм: 45-21-02, 8 (929) 808-02-01. Милицийы кусджытӕн ис бар пайда кӕнын хӕцӕнгарзӕй, цӕмӕй ӕнӕзианхъом скӕной сырды, кӕцы у тӕссаг адӕймаджы цард ӕмӕ ӕнӕниздзинадӕн, банысан кодтой уагдоны", - загъта МХМ пресс-службӕйы.

Уагдоны банысан кодтой, фӕстаг рӕстӕджы медицинон уагдӕттӕм арӕх ӕрбаласынц ӕмбӕстӕгты куыйты хӕстимӕ. Медикты ныхӕстӕм гӕсгӕ, дзӕгъӕл куыдз гӕнӕн ис уа рынчын ӕрранизӕй, кӕцы у тӕссаг адӕймаджы цард ӕмӕ ӕнӕниздзинадӕн.

Цхинвалы дзæгъæл куыйтæ фæхæцыдысты карджын лæгыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыххæй аирвæзт: Цхинвалы дзæгъæл куыйтæ фæцæй хордтой карджын лæджы

Уымӕй дарддӕр МХМ банысан кодтой, коммуналон службӕтӕ нырма кӕй нӕ зонынц, цы хъӕуы аразын дзӕгъӕл куыйтимӕ.

"Алкӕцы паддзахады дӕр ис сӕрмагонд организацитӕ, кӕцытӕ ахсынц дӕгъӕл куыйты, стерилизаци сӕ кӕнынц, аразынц сын прививкӕтӕ ӕрранизы ныхмӕ. Фӕлӕ махмӕ нырма ахӕм организаци нӕй, кӕцы аскъуыддзаг кӕндзӕн ацы проблемӕ", - банысан кодта столицӕйы администрацийы ЦКХ  хистӕр Лалыты Сослан.

Амӕйразмӕ дӕгъӕл куыйтӕ фӕцӕй хордтой Цхинвалы 65-аздзыд цӕрӕджы, кӕцыйыл куыйтӕ фембæлдысты сæумæрайсом Цæгаттаг микрорайоны цур. Зианбаййафæджы уæззау уавæры фæхæццæ кодтой республикон соматикон рынчындонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0