Хуссар Иры МСНК кусджытӕ равзӕрстой тыхджындӕрты мини-футболӕй

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры МСНК кусджытӕ равзӕрстой тыхджындӕрты мини-футболӕй
Хуссар Иры МСНК кусджытӕ равзӕрстой тыхджындӕрты мини-футболӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ацыд турнир мини-футболӕй Мидхъуыддӕгты министрады МСНК фондз командӕйы хайадистӕй

ЦХИНВАЛ, 25 июл - Sputnik. Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы ацыд турнир мини-футболӕй Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) оперативон ротӕты хсӕн. Фондз командӕйы фондз бонмӕ ауагътой 10 хъазты призон бынӕттыл.

Футболисттӕ Хуссар Ирӕй хайад исынц турниры Цӕгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры футболисттӕ хайад исынц турниры Цӕгат Иры

"Командӕтӕ хъазыдысты зылдон системӕмӕ гӕсгӕ, призон бынӕттӕ та рабӕрӕг сты очкоты суммӕмӕ гӕсгӕ. Ивгъуыд ӕзтӕм абаргӕйӕ командӕты цӕттӕдзинад ӕмӕ курдиаты ӕмвӕзад уыд бӕрзонддӕр", - радзырдта хӕстон ӕмӕ физикон цӕттӕкӕнынады фӕдыл хистӕр инструктор, милицийы дӕлбулкъон Коцты Александр.

Турниры уӕлахиздзау ссис дыккаг оперативон ротӕйы командӕ. Дыккаг бынатыл ацыд фыццаг мотаризацигонд ротӕйы командӕ. Ӕртыккаг бынатмӕ та схызт фыццаг оперативон ротӕйы командӕ. Уӕлахиздзауты схорзӕхджын кодтой кубоктӕ ӕмӕ грамотатӕй.

МСНК дӕлхайадты хсӕн ерыстӕ уагъд цӕуынц ӕрвылаз, цӕмӕй пропагандӕ кӕной ӕнӕниздзинад ӕмӕ сфидар кӕной хӕларадон ахастытӕ кусджыты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0