Хуссар æмæ Цæгат Иры журналисттæ фембæлдзысты Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Салимат ТедееваХуссар æмæ Цæгат Иры журналисттæ фембæлдзысты Дзæуджыхъæуы
Хуссар æмæ Цæгат Иры журналисттæ фембæлдзысты Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны цæгатмæ зонадон-практикон конференцийы хайад райсынмæ ныццæудзысты 30 журналисты бæрц хуссарæй

ЦХИНВАЛ, 25 июл - Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирыстоны цæгаты æмæ хуссары журналистикæйы размæцыды фарстытæн нывонд зонадон-практикон конференцийы Дзæуджыхъæуы хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны журналистты къорд, фехъусын кодта Sputnik ХИ паддзахадон информацийы комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Мария.

Мадзал ацæудзæн Дзæуджыхъæуы 26 июлы, Хуссар Иры делегацийы сконды ис 30 журналисты бæрц.

"Скæндзысты анализ паддзахадон ДИФ райрæзтæн, национ мыхуыры фæрæзты проблематæн. Уæлдай хъусдард здæхт æрцæудзæн æхсæнады хъуыдыйы фидар кæныны хъуыддаджы журналистты бæрндзинадæн", - загъта Хъотайты Мария.

Пресс-тур по базовым станциям компании Остелеком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар уынæг: цæгатирыстойнаг журналисттæ æрцыдысты Цхинвалмæ

Мадзал дих уыдзæн кусæгон æмæ хиирхæфсæн хæйтæй. Йæ архайджытæ бабæрæг кæндзысты фоторавдыст "Малые села Кавказа", уый фæстæ абалц кæндзысты Куырттаты коммæ. Уым Ирыстоны дыууæ хайы минæвæртты хсæн ацæудзæн хæларадон матч футболæй.

Конференци цæуы Цæгат Ирыстоны мыхуыр æмæ массон коммуникациты комитеты хъæппæрисæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0