"Симд" исы ног артистты

© Sputnik / Ада Багиан"Симд" исы ног артистты
Симд исы ног артистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæстæйы кафт æмæ зарды сæйраг ансамблы скондмæ кафджыты, музыкантты æмæ зарæггæнджыты претенденттæ равзардзысты мæскуыйаг специалисттæ

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" хъусын кæны ног сконды равзæрсты тыххæй. Реорганизацийы фæлгæтты коллектив ногæй райсдзæн кафджыты, хор æмæ оркестры сконд, фехъусын кодта Sputnik "Симд"-ы директор Гаглойты Кристина.

Симд ратдзӕн концерт Сочийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Симд" ратдзӕн концерт Сочийы

Коллективы скондмæ æвзæрсты сæ бон у хайад райсын 14 карæй хистæр фæсивæдæн.

"Ист цæуынц сфæлдыстадон кусджытæ ансамблы кафджыты къордмæ, хормæ æмæ оркестрмæ дæр. Ивд цæуы коллективы æппæт сконд дæр, уыимæ иумæ баззайдзысты раздæры дæсны артисттæ, кæцыты фæлтæрдзинад уыдзæн фæзминаг æвзонг фæлтæрæн", - загъта Гаглойты Кристина.

"Симд"-ы скондмæ ног артистты æвзардзæн мæскуыйаг къамис 12 августы.

"Ансамблы сконды цæудзæн реорганизаци, штатон нымæц нæ фæивдзæн, фæлæ рацарæзты руаджы фæфылдæр кæндзысты сфæлдыстдон кусджыты нымæц. Нæ нысан у "Симд" ног, иттæг хорз æмвæзадмæ ракæнын", - бафтыдта уый.

Уый ма банысан кодта, фæстæдæр Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд"-æн фæзындзæн ног аивадон къухдариуæггæнæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0