Игорь Галь Хуссар Иры МХМ фӕцӕфуӕвӕг кусджыты тыххӕй: уавӕр у уӕззау

© Sputnik / Варвара Гертье /  Ахизын медиабанкмæОпераци
Операци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ милиционеры райстой уӕззау цӕфтӕ тӕссаг фыдгӕнджытимӕ кӕрӕдзи ӕхсты рӕстӕджы 16 июлы Цхинвалы районы хъӕутӕй иуы

ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ, кӕцытӕ фӕцӕф сты тӕссаг фыдгӕнджытимӕ кӕрӕдзи ӕхсты, нырма дӕр сты уӕззау уавӕры, загъта пресс-конференцийыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галь.

Мидхъуыддӕгты министрады районон хайады кусджытӕ Гатыгкоты Захар ӕмӕ Пухаты Сослан фӕцӕф сты 16 июлы Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Залдайы хъӕуы фыдгӕнджытӕ Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕтимӕ кӕрӕдзи ӕхсты. Фыдгӕнджытӕ фӕтары сты цауы бынатӕй. Фӕстӕдӕр сӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны территорийыл.

"Уавӕр у уӕззау", - загъта Игорь Галь.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий йӕ цӕст дары ацы фарстмӕ.

Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медиктæ радзырдтой РХИ МХМ фæцæфуæвæг кусджыты уавæры тыххæй

Игорь Галь радзырдта, республикӕмӕ кӕй ӕрхуыдтой Уӕрӕсейы МХМ сӕйраг хирург Владислав Зубрицкийы, кӕцы куыста ам дыууӕ боны, ауагъта стыр консультацион куыст ноджы цалдӕр специалисттимӕ Уӕрӕсейӕ.

Амӕйразмӕ дохтыртӕ фехъусын кодтой, сӕ уӕззау уавӕры тыххӕй тыхон структурӕты кусджыты аласынӕн фадат кӕй нӕй Уӕрӕсейы медицинон центрмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0