Хуссар Ир ӕмӕ Абхаз бафыстой бадзырд ӕхсӕнадӕмон автомобилон бастдзинады фӕдыл

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæАбхазы хицауад Сухумы
Абхазы хицауад Сухумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд бафыстой Хуссар Ирыстоны делегацийы кусӕгон балцы фӕлгӕтты Абхазмӕ

ЦХИНВАЛ, 25 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хсӕн ӕхсӕнадӕмон автомобилон бастдзинады фӕдыл бадзырд бафыстой Абхазы транспорты фӕдыл паддзахадон хайады, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Ирыстон æмæ Абхазы тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Абхаз бафысдзысты æхсæнадæмон автомобилон бастдзинады бадзырд

Хуссарирыстойнаг фарсӕй бадзырд бафыста сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕрдар Санахъоты Батрадз, абхазаг фарсӕй та транспорты фӕдыл паддзахадон хайады хистӕр Робестан Габлия.

"Ацы бадзырд у социалон ахсджиаг. Маршрут Цхинвал-Джӕуджыхъӕу-Сухум кусдзӕн ӕрвылаз", хъусын кӕны Робестан Габлияйы ныхӕстӕ пресс-службӕ.

Санахъоты Батрадз банысан кодта, ацы документы руаджы кӕй сфидар уыдзысты экономикон бастдзинадтӕ хӕларадон республикӕты хсӕн, се хсӕн туризмы фадыджы.

"Абхаз советон дуджы дӕр уыд туристон центр, ныр та Хуссар Ирыстоны дӕр райтынг ис туристон фадыг, бакодтой дзы хисӕрмагонд туристон агентадтӕ", - загъта комитеты сӕрдар.

Хуссар Ирыстоны делегаци ӕрцыд Абхазмӕ кусӕгон балцы, кӕцыйы фӕлгӕтты фембӕлдзысты Абхазы премьер-министр Валерий Бганбаимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0