Хуссар Иры хицауады сӕрдарӕн радзырдтой Паддзахадон техцӕстдарды куысты фӕстиуджыты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры хицауады сӕрдарӕн радзырдтой Паддзахадон техцӕстдарды куысты фӕстиуджыты тыххӕй
Хуссар Иры хицауады сӕрдарӕн радзырдтой Паддзахадон техцӕстдарды куысты фӕстиуджыты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны сӕргълӕууӕг радзырдта сӕ архайды тыххӕй республикӕйы арӕзтадон объекттыл, се хсӕн Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты объекттӕ

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Экологон, технологон ӕмӕ арӕзтадон цӕстдарды комитеты сӕрдар Къуылыхты Таймураз радзырдта премьер-министр Пухаты Эрикӕн куысты фӕстиуджыты тыххӕй 2019 азы ӕхсӕз мӕймӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Къуылыхты Таймуразы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдон уадзы цӕстдарды куыст нывӕзтмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕндӕр органты куырдиатӕй.

"Ӕххӕст кодтам цӕстдарды мадзӕлттӕ арӕзтадон куыстытӕм, кӕцытӕ уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны, се хсӕн Инветспрограммӕйы объекттыл дӕр. Фиппаинӕгты фӕдыл сарӕзтам басгӕрсты акттӕ, цӕмӕй сӕ аиуварс кӕной", - загъта комитеты сӕрдар.

Басгӕрсты ӕрмӕджытӕ арвыстой къамистӕм ӕркастмӕ.

Къуылыхты Таймураз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Техцӕстдарды сӕргълӕууӕг: Хуссар Иры фӕфылдӕр ис арӕзтадон куыстыты гъӕд

Пухаты Эрик банысан кодта, республикӕйы нырма кӕй ис проблемӕтӕ, кӕцытӕ хъӕуы аиуварс кӕнын, се хсӕн ӕнӕзаконон бырондӕттӕ, хъӕд ӕмӕ доны ресурстӕ бавӕрын.

"Ацы архайды хъӕуы ӕххӕст кӕнын лӕмбынӕг куыст республикӕйы цӕрджытимӕ ӕмӕ дзыллон информацион фӕрӕзтимӕ, уый баххуыс кӕндзӕн ӕххӕст кӕнын уагдоны хӕслӕвӕрдтӕ", - загъта хицауады сӕрдар.

Ног хабӕртты лентӕ
0