"Уӕ фарсмӕ стӕм": президент бабӕрӕг кодта фӕцӕфуӕвӕг милиционерты

© ГТРК "Ир"Президент бабӕрӕг кодта фӕцӕфуӕвӕг милиционерты
Президент бабӕрӕг кодта фӕцӕфуӕвӕг милиционерты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рынчынты уавӕр нырма у стабилон-уӕззау, бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бахӕс кодта медиктӕн саразын ӕппӕт дӕр сӕ хоскӕнынад ӕмӕ реабилитацийӕн

ЦХИНВАЛ, 30 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта рынчындоны мидхъуыддӕгты министрады кусджыты, кӕцытӕ дыууӕ къуырийы размӕ фӕцӕф сты фыдгӕнджытимӕ ӕхсты, хъусын кӕны паддзахадон телерадиокомпани "Ир".

Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕты ӕрцахстой Гуырдзыстоны территорийыл

Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ Гатыгкоты Захар ӕмӕ Пухаты Сослан фӕцӕф сты 16 июлы Залдайы хъӕуы фыдгӕнджытӕ Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕтимӕ ӕхсты рӕстӕджы. Фыдгӕнджытӕ алыгъдысты цауы бынатӕй, фӕлӕ сӕ фӕстӕдӕр ӕрцахстой Гуырдзыстоны территорийыл.

Рынчынты уавӕр нырма у стабилон-уӕззау, бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бахӕс кодта медиктӕн саразын ӕппӕт дӕр сӕ хоскӕнынад ӕмӕ реабилитацийӕн, куы бахъӕуа, уӕд та ӕрхонын специалистты Уӕрӕсейӕ, цӕмӕй иумӕйаг тыхтӕй слӕууын кӕной лӕппуты сӕ къӕхтыл.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий загъта президентӕн, милиционерты хоскӕнынадӕн кӕй ис ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медикаменттӕ дӕр.

Бибылты Анатолий ма аныхас кодта рынчынты хиуӕттимӕ дӕр ӕмӕ сын радзырдта, уыдон кӕй сты дохтырты ӕппынӕдзух хъусдарды бын.

"Ахӕм лӕппутӕй мах сӕрыстыр стӕм. Сараздзыстӕм алцыдӕр, цӕмӕй уыдон сдзӕбӕх уой. Мах алыхатт дӕр уыдзыстӕм уӕ фарсмӕ", - банысан кодта уый.

Банысан ма ӕрцыд, дзырд кӕй нӕ цӕуы фӕцӕфуӕвджыты Уӕрӕсейы клиникӕтӕй искӕцымӕ аласыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0