Битарты Вячеслав радзырдта, куыд цӕттӕ кӕнынц Аланийы дзуарӕфтыды юбилеймӕ

© Sputnik / Наталья АйриянИрон аргъуан Дзӕуджыхъӕуы
Ирон аргъуан Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбон банысан кӕныны фӕлгӕтты реставрацион мадзӕлттӕ ацӕудзысты куыд Дзӕуджыхъӕуы историон центры, афтӕ республикӕйы хӕххон районты дӕр

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав телеканал "Россия-24" эфиры радзырдта, Аланийы чырыстон дины райстыл 1100 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон (2020 азы) нысан кӕныны фӕлгӕтты республикӕйы кӕй среставраци кӕндзысты бирӕ расткадон аргъуантӕ.

"Республикӕйы ис бирӕ аргъуантӕ, кӕцыты советон рӕстӕджы сӕхгӕдтой, науӕд та сӕ пайда кодтой ӕндӕр здӕхӕнты.  Ацы мадзӕлттӕ иууылдӕр бацыдысты цӕттӕ кӕныны нывӕзтмӕ", - хъусын кӕны РИА Новости Битарты Вячеславы ныхӕстӕ.

Патриархы фембæлд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Патриарх Кирилл хорзыл банымадта Аланийы Дзуарæфтыды 1100 азы цытæн мадзæлттæ

Уый банысан кодта, бӕрӕгбонмӕ цӕттӕгӕнӕн оргкомитет, кӕцыйы сӕргъ лӕууы уӕрӕсейаг вице-премьер Ольга Голодец, ныридӕгӕн ауагъта цалдӕр рабадты, цы ран ӕруынаффӕ кодтой мадзӕлтты номхыгъдыл.

"Уырны мӕ, ӕрмӕст Уӕрӕсейӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр бӕрӕгбонон бонты кӕй ӕрцӕудзӕн тынг бирӕ туристтӕ, кӕцыты мах зонгӕ кӕндзыстӕм нӕ бирӕнымӕц аргъуантимӕ", - бафтыдта Цӕгат Иры сӕргълӕууӕг.

Аланийы чырыстон дины райстыл 1100 азы сӕххӕсты бӕрӕгбонфедералон ӕмвӕзадыл банысан кӕныны фарсыл дзырд цыд Битатры Вячеслав ӕмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путины фембӕлдыл 2017 азы уалдзӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0