Медицинон ӕххуыс ӕмӕ цӕрӕнуаты цалцӕг: РХИ президент райста ӕмбӕстӕгты

© Пресс-служба президента РЮОРХИ президент ауагъта ӕмбӕстӕгты райст
РХИ президент ауагъта ӕмбӕстӕгты райст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмбӕстӕгтӕ бацыдысты президентмӕ фарстытимӕ, кӕцыты хсӕн уыдысты царды уӕззау уавӕртӕ ӕмӕ цӕрӕнуаты цалцӕг, кӕцы ныппырх ис гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 31 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ауагъта ӕмбӕстӕгты ӕнӕнывӕзтон райст, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ. Иумӕйагӕй Бибылты Анатолий райста 24 ӕмбӕстаджы.

Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий радта ХИПУ-йы студенттӕн сӕрмагонд стипендитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент радта ХИПУ-йы студенттӕн сӕрмагонд стипендитӕ

"Проблемӕты хай, кӕцытӕ фехъусын кодтой райсты рӕстӕджы, уыдысты баст царды уӕззау уавӕртыл, афтӕ ма экстренон ӕмӕ квалификацигонд медицинон ӕххуысыл. Бибылты Анатолий радта ӕмбӕлгӕ фӕдзӕхсттӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма ӕмбӕстӕгтӕ дзырдтой цӕрӕнуат сцалцӕг кӕныны фарстыл, кӕцы ныппырх ис гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы.

Президенты пресс-службӕ фехъусын кодта, ныртӕккӕ арӕзт кӕй цӕуы 80 хӕдзары, кӕцытӕ ныппырх сты 2008 азы. 2020 азмӕ куыстыты нывӕзт арӕзт цӕудзӕн ӕмбӕстӕгты куырдиӕттӕ ӕмӕ алкӕцы хӕдзары уавӕры басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0