Ирӕтты геноцид банымайыны куырдиатмӕ ӕркӕсдзысты УФ Думӕйы ӕввахсдӕр советыл

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕ
Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕ ӕркӕсдзӕн Хуссар Ирыстоны парламенты куырдиатмӕ ӕввахсдӕр рабадтыл, фехъусын кодта Вячеслав Володин

ЦХИНВАЛ, 1 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕйы спикер Вячеслав Володин фехъусын кодта, Паддзахадон думӕйы Совет ӕввахсдӕр рабадтыл кӕй ӕркӕсдзӕн Хуссар Ирыстоны парламенты куырдиатмӕ ирӕтты геноциды фӕдыл Гуырдзыстоны рдыгӕй 1920 азы, хъусын кӕны РИА Новости.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ парламент арвыста куырдиат ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл УФ Думӕ ӕмӕ Федсовмӕ

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны парламент барвыста куырдиат Паддзахадон думӕмӕ ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл Гуырдзыстоны рдыгӕй 1920 азы.

"Паддзахадон думӕйы сӕ цӕст ӕрдардтой Хуссар Ирыстоны парламенты куырдиатмӕ ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл Гуырдзыстоны рдыгӕй 1920 азы. Паддзахадон думӕйы Советы ӕввахсдӕр рабадтыл, кӕцыйы сконды сты Думӕйы къухдариуӕгад, политикон фракциты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ комитетты сӕрдӕрттӕ, мах ӕркӕсдзыстӕм ацы куырдиатмӕ", - загъта Вячеслав Володин журналисттӕн.

Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы сӕргълӕууӕг Владимир Путин бахахх кодта, зӕгъгӕ, кӕд Гуырдзыстоны къухдариуӕгады фӕнды хорз ахастытӕ дарын Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ, уӕд уыдон хъуамӕ хорз зониккой сӕ ахастыты истори. Уӕрӕсейаг президент банысан кодта гуырдзиаг ӕфсӕдты ӕвирхъау архайд Ирыстоны 1919 ӕмӕ 1920 ӕзты ӕмӕ бафтыдта, уый кӕй хуыйны геноцид.

Ног хабӕртты лентӕ
0