Дидинджыты сӕвӕрд ӕмӕ автозгъорд: Хуссар Иры нысан кӕнынц УДӔ бон

© Sputnik / Наталья Айриян Хуссар Иры нысан кӕнынц УДӔ бон
 Хуссар Иры нысан кӕнынц УДӔ бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ветерантӕ-десантниктӕ ӕмӕ УДӔ ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ сӕвӕрдтой дидинджыты Ӕнусон артмӕ ӕмӕ сорганизаци кодтой автозгъорд президенты хайадистӕй

ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы сӕвӕрдтой дидинджытӕ ӕмӕ веноктӕ Ӕнусон артмӕ Каде аллейыл Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты (УДӔ) боны цытӕн, церемонийы хайад райста президент Бибылты Анатолий.

Хуссар Иры президент раарфӕ кодта базырджын ӕфсадӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гарзджын тыхты элитӕ: Хуссар Иры президент раарфӕ кодта "базырджын ӕфсадӕн"

Ӕнусон арты цур ӕрӕмбырд сты Маргеловы номыл Рязаны уӕлдӕфон-ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ, афтӕ ма УДӔ ветерантӕ.

Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта ветерантӕн бӕрӕгбоны цытӕн.

Дидинджыты сӕвӕрды фӕстӕ Бибылты Анатолий радзырдта журналисттӕн, бӕрӕгбон ахсджиаг кӕй у йӕхицӕн ӕмӕ алкӕмӕндӕр, чи службӕ кодта уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты.

"Советон Цӕдисы Хъайтар Василий Маргелов дзырдта, УДӔ-мӕ чи нӕ бахаудта, уый хъуамӕ цин кӕна, чи бахаудта, уый та хъуамӕ сӕрыстыр уа. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, махӕй алчидӕр сӕрыстыр у, уым кӕй службӕ кодтам", - загъта президент.

© Sputnik / Наталья АйриянУӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны
Дидинджыты сӕвӕрд ӕмӕ автозгъорд: Хуссар Иры нысан кӕнынц УДӔ бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны

Президент ма бафтыдта, зӕгъгӕ, адӕймаг алыхатт дӕр хъуамӕ размӕ цӕуа зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ.

"Ацы принциптӕ алыхатт дӕр ӕххуыс кӕнынц", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Бибылты Анатолий хайад райста автозгъорды, кӕцы сорганизаци кодтой ацы бӕрӕгбоны цытӕн.

© Sputnik / Наталья АйриянУӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны.
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны.
© Sputnik / Наталья АйриянУӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны.
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны.
© Sputnik / Наталья АйриянУӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны.
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны.
1/3
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны.
2/3
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны.
3/3
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0