Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ бакуыстой оперативон къордты ӕмгуыстадыл

© Sputnik / Наталья АйриянАхуыртӕ полигон "Дзарцъем"-ы
Ахуыртӕ полигон Дзарцъем-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ ауагътой командон-штабон ахуыртӕ

ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Генштабы оперативон къорд хайад райста командон-штабон тренировкӕйы 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕимӕ, хъусын кӕны республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

"Командон-штабон ахуыртӕ уагъд цыдысты цалдӕр боны дӕргъы, сӕ сӕргъ лӕууыд Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕдты штабы хистӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Тренировкӕты нысан у дыууӕ ӕфсӕддон уагдоны иумӕйаг цӕттӕдзинады нывӕзт сӕххӕст кӕнын.

Иумӕйаг ахуыртӕ оперативон къордтӕн уагъд цӕуынц ӕппынӕдзух, уыдон ахъаз сты ӕмгуыстады ӕвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн ӕмӕ ӕдасдзинады иумӕйаг контур сфидар кӕнынӕн, бафтыдтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0