Бибылты Анатолий снысан кодта Хуссар Иры ПӔК ног сӕргълӕууӕджы

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий снысан кодта Хуссар Иры ПӔК ног сӕргълӕууӕджы
Бибылты Анатолий снысан кодта Хуссар Иры ПӔК ног сӕргълӕууӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕрмагонд службӕйы ног разамонӕг раздӕр куыста Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады федералон службӕйы

ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта Олег Шираны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) сӕргълӕууӕгӕй, хъусын кӕны дыццӕджы паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Абон ацыд ног сӕргълӕууӕджы бавдисыны церемони РХИ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты офицертӕн.

"Ахӕм ахсджиаг уагдон бирӕ рӕстӕг хъуамӕ ма уа ӕнӕ иудадзыг разамонӕгӕй, ӕмӕ абон ӕз бафыстон барамынд Олег Игоры фырт Шираны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты сӕргълӕууӕгӕй снысан кӕныны фӕдыл", - загъта президент.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий снысан кодта Хуссар Иры ПӔК ног сӕргълӕууӕджы
Бибылты Анатолий снысан кодта Хуссар Иры ПӔК ног сӕргълӕууӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий снысан кодта Хуссар Иры ПӔК ног сӕргълӕууӕджы

Бибылты Анатолий загъта бузныг ПӔК офицертӕн сӕ бӕрнон куысты тыххӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, ног сӕргълӕууӕджы къухдариуӕгады бын комитет дарддӕр кӕй ӕххӕст кӕндзӕн республикӕйы ӕдасдзинад.

Олег Ширан фӕцис Рязаны уӕлдӕр уӕлдӕфон-десантон командон ахуыргӕнӕндон, уый фӕстӕ та Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады федералон службӕйы (ӔФС) Академи.

Службӕ кодта Уӕрӕсейы ӔФС алыгъуызон оперативон ӕмӕ разамонӕг бынӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0