"Ницы ферох": Хуссар Иры ӕрымысдзысты 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты

© Sputnik / Наталья АйриянМысӕн мадзал
Мысӕн мадзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 7-8 августы ӕхсӕвы рахӕсдзысты зылынгӕнӕн тӕрхон гуырдзиаг фашизмӕн

ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 7-8 августы уагъд цӕудзысты мысӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты 2008 азы августы Фондзбонон хӕстӕн.

Ацы аз мадзӕлттӕ ногӕй райдайдзысты уыцы рӕстӕгыл, кӕцыйы 11 азы размӕ гуырдзиаг ӕфсад бабырста Цхинвалмӕ.

Ӕвдӕм августы 22.30 сахатыл "Сыгъд удты музейы" адӕм сӕвӕрдзысты дидинджытӕ ӕмӕ веноктӕ "Фыдохы бӕласмӕ", уым ма Чырыстон Дзуары цур ацӕудзӕн Хуыцаумӕ скуывд.

"Мах нӕ хонӕм адӕмы. Ацы бынатмӕ ӕрбацӕудзысты йӕ зӕрдӕ кӕмӕн риссы уыцы цаутыл, уыдон", - загъта Sputnik культурӕйы министр Зассеты Жанна.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы мадзӕлттӕ, традицимӕ гӕсгӕ, ацӕудзысты парламенты бӕстыхайы раз. Ацы бынаты Фондзбонон хӕстӕй цалдӕр боны фӕстӕ ацыд Мариинаг театры концерт-реквием Гергиты Валерийы къухдариуӕгады бын.

Мæлдзыгаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нæ йын бантыст цæрын: Иры хъайтар Мæлдзыгаты Сослан нысан кæнит абон йæ 30-азон юбилей

"Ацы бынаты ӕвдӕм августы бакӕндзысты равдыст дӕр, кӕцы бацӕттӕ кодта "Уӕрӕсейаг газет". Уыдон нын ӕй балӕвар кодтой фарон, фӕлӕ йӕ ацы аз ноджы баххӕст кӕндзыстӕм. Мах иууылдӕр хъуыды кӕнӕм ӕмӕ бузныг стӕм ӕххуысы тыххӕй, кӕцытӕ нын уыдон ӕххӕст кодтой хӕсты информацион блокадӕйы рӕстӕджы", - банысан кодта Зассеты Жанна.

23.55 сахатыл райдайдзӕн акци "Будем помнить все!". 23.57 сахатыл, раст ацафон ӕстӕм августы 2008 азы Цхинвалы райхъуыстысты фыццаг ӕхстытӕ, президент Бибылты Анатолий ралӕудзӕн йӕ бадзырдимӕ адӕммӕ.

Уый фӕстӕ ма ацӕудзӕн акци "Я обвиняю фашизм", йӕ хайадисджытӕ Ирыстоны рахӕсдзысты зылынгӕнӕн тӕрхон гуырдзиаг фашизмӕн.

Хуссар Ирыстоны фыдохы бонты нӕ хоны уазджыты, ардӕм ӕрцӕудзысты адӕм, кӕцыты фӕнды балӕууын ирон адӕмы фарсмӕ. Ӕрвылаз Цхинвалмӕ ӕрцӕуынц уӕрӕсейаг амӕттаг ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ фидауынгӕнджыты мӕдтӕ.

"Ацы аз дӕр нӕм ӕрцӕудзысты амӕттаг ӕфсӕддонты мӕдтӕ. Мах нӕ хонӕм уазджыты фыдохы бонты, фӕлӕ мах райсдзыстӕм алкӕйдӕр, чи ӕрцӕуа ардӕм ирон адӕмы фарсмӕ балӕууынмӕ", - загъта Зассеты Жанна.

Мысӕн мадзӕлттӕ адаргъ уыдзысты ӕстӕм августы – ацы бон дидинджытӕ сӕвӕрдзысты Фыдыбӕстӕйы фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджыты цыртмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0