Бельгийаг режиссер радзырдта, куыд фӕивта Хуссар Ир 2008 азы хӕсты фӕстӕ

© Sputnik / Наталья АйриянМуш Бенуа
Муш Бенуа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздӕр документалист уыд Донбассы, ныр та ӕрцыд Хуссар Ирмӕ йӕ радон фильм исынмӕ

ЦХИНВАЛ, 7 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонӕн ис стыр туристон потенциал ӕмӕ европӕйаг бӕлццӕттӕ ам сӕхи хатдзысты тынг хорз, загъта бельгийаг режиссер-документалист Бенуа Муш.

Уый ӕрцыд Хуссар Ирмӕ фӕсарӕйнаг журналистты ӕртыккаг пресс-туры фӕлгӕтты. ДИФ минӕвӕрттӕ фембӕлдысты президент Бибылты Анатолиимӕ, кӕцы сын радзырдта, куыд цӕры ӕмӕ размӕ цӕуы республикӕ 2008 азы хӕсты фӕстӕ.

Бенуа Муш радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры йӕ куысты, киноты тыххӕй, афтӕ ма республикӕйы цытӕ федта, уыдон тыххӕй.

"Амӕйразмӕ ӕз уыдтӕн Донецкы, ныр та мӕ фӕндыд фенын, куыд у уавӕр Хуссар Ирыстоны, цавӕр ахастытӕ йын ис ӕндӕр бӕстӕтимӕ хӕсты фӕстӕ", - радзырдта режиссер.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирмӕ йӕ фыццаг балцы фӕстӕ кӕй ныффыста докла, цы ран ӕрдзырдта хӕсты цаутыл. Доклад каст ӕрцыд Европӕйы, фӕлӕ йӕ, хъыгагӕн, ницӕмӕ ӕрдардтой.

Кадр из документального фильма британского журналиста Грэма Филлипса о Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бритайнаг журналист Грэм Филлипс систа ног фильм Хуссар Ирыстоныл

Бенуа Муш банысан кодта, хӕстӕй 11 азы фӕстӕ Хуссар Ирыстоны адӕм кӕй сты бирӕ хъахъхъӕддӕр, райгонддӕр, ӕнцондӕрӕй дзурынц хӕсты хабӕрттыл ӕмӕ сӕхи нал тигъ кӕнынц журналисттӕй дӕр.

Бенуа Муш у Донецкыл документалон фильмы автор. Уый банысан кодта, фильмыл кусгӕйӕ тынг кӕй бамбӕрста, ныгуылӕйнаг журналисттӕ кӕй ӕрзилынц информаци сӕрӕй-къӕхтӕм.

"Мӕ киноты нысан та у рӕстдзинад. Мӕн фӕнды радзурын реалон цауты тыххӕй, цӕмӕй Европӕйы адӕм базоной гӕдыныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ раст цы у, уый", - дзуры уый.

Документалист равдыста ныфс, тагъд рӕстӕджы Хуссар Ирыстон кӕй суыдзӕн европӕйаг туристтӕн популярон - кавказаг чысыл респуликӕйӕн уый тыххӕй ис алцыдӕр.

"Европӕйаг туристтӕ Гуырдзыстонмӕ тынгдӕр цӕуынц, уыдон тӕрсынц Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕуын, уымӕн ӕмӕ сты информацион блокадӕйы. Фӕлӕ Хуссар Ирыстоны ис стыр потенциал туризмӕн, уымӕн ӕмӕ адӕм ам тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хъарм сты", - банысан кодта Муш.

Бену Муш йӕ кинотӕм музыкӕ дӕр йӕхӕдӕг фыссы. Уый загъта, Хуссар ирыстоныл фильмы саундрекы уый кӕй равдисдзӕн ӕрмӕст ирон адӕмы трагеди нӕ, фӕлӕ ма адӕмы хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иннӕ ӕвӕрццаг фарсытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0