ЦХИНВАЛ, 7 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытӕ хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк мысӕн мадзӕлтты рӕстӕджы, кӕцытӕ нывонд сты 2008 азы августы ирон-гуырдзиаг хӕсты 11-ӕм афӕдзыбонӕн.
Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ абон 21.30 сахатӕй фӕстӕмӕ ӕрыхгӕндзысты автотрассӕтӕ Цхинвал-Цъунар ӕмӕ Цхинвал-Зары фадгуытӕ "Сыгъд удты музеймӕ" дидинтӕ сӕвӕрыны рӕстӕджы.
"23.00 сахатӕй фӕстӕмӕ та ӕхгӕд уыдзысты уынгтӕ Тугъанты-Кимы, Хетӕгкаты-Сталины алвӕндӕгтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Афтӕ ма Хуссар Иры МСНК сапертӕ ауадздзысты инженерон-саперон басгӕрст мадзӕлтты бынӕтты.