Абхазы ФХМ: Хуссар Иры адӕм кӕрӕдзи фарсмӕ балӕугӕйӕ бахъахъхъӕдтой сӕ фыдыбӕстӕ

© Пресс-служба президента РЮОФыдохы мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты хӕсты 11-ӕм афӕдзы бонӕн
Фыдохы мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты хӕсты 11-ӕм афӕдзы бонӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы ФХМ барвыста тӕфӕрфӕсы нотӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ 2008 азы августы гуырдзиаг агрессийы 11-ӕм афӕдзы боны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Ӕфсӕддон агресси Хуссар Ирыстоны ныхмӕ 2008 азы августы ногӕй равдыста гуырдзиаг политикӕйы ӕцӕг нысаниуӕг. Уый тыххӕй дзырдӕуы Абхазы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) тӕфӕрфӕсы нотӕйы.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕм, кӕцытӕ равдыстой сӕ хъайтардзинад, кӕрӕдзи фарсмӕ балӕугӕйӕ бахъахъхъӕдой сӕ Фыдыбӕстӕ. Ацы хъайтар бонтӕ ӕнустӕм фыст сты паддзахады нырыккон историйы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Фыдохы мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты хӕсты 11-ӕм афӕдзы бонӕн. - Sputnik Хуссар Ирыстон
2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты цыртмӕ "Сыгъд удты музейы" сӕвӕрдтой дидинджытӕ

Афтӕ ма куырдиаты бахахх кодтой, зӕгъгӕ, абхазаг адӕмӕн, кӕцытӕ бавзӕрстой хӕсты зындзинӕдтӕ, се фсымӕрон Хуссар Ирыстоны адӕмимӕ иумӕ сӕ зӕрдӕтӕ риссынц ацы агрессийы амӕттӕгтыл.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0