ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сабыр цӕрджыты ныхмӕ Гуырдзыстоны агрессийӕ кӕд 11 аз рацыд, уӕддӕр уыцы трагикон бонты цаутӕ абон дӕр риссын кӕнынц зӕрдӕтӕ, дзырдӕуы Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы телы республикӕйы президентмӕ.
"Кӕддӕриддӕр бузныг уыдзыстӕм Уӕрӕсейӕн, кӕцы ӕрбалӕууыд республикӕйы фарсмӕ ӕмӕ ӕрурӕдта ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрбалӕбурӕг гуырдзиаг ӕфсады, кӕцытӕ мардтой фидауынгӕнджыты, сылгоймӕгты, сабиты ӕмӕ зӕрӕтты", - дзырдӕуы фыдохы телы.
Битарты Вячеслав бахахх кодта, Ирыстоны кӕддӕриддӕр кӕй хъуыды кӕндзысты хъайтарты нӕмттӕ, кӕцытӕ фӕмард сты уыцы фондзбонон хӕсты, сӕ цард радтой ӕвзонг бӕстӕйы фидӕны тыххӕй.
Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц 2008 азы августы Гуырдзыстон агрессийы 11-ӕм афӕдзыбон. Республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты уагъд цӕуынц фыдохы мадзӕлттӕ.