Хуссар Иры Дменисы хъӕуы ӕрымысыдысты гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Алексей КовалевФыдохы мадзӕлттӕ
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иуæндæс аз рацыд уыцы уæззау трагикон бонтæй, знаг гадзрахатæй куы рахæтыд Ирыстоны горæт æмæ хъæутыл, алыгъуызон хæцæнгарзæй пайдакæнгæйæ ирон адæм скуынæг кæнынмæ куы æрхъавыд

ЦХИНВАЛ, 9 авг - Sputnik, Дриаты Лейла. Алы аз дæр 7 августæй 8 августмæ æхсæвы Ирыстоны алы къуымты уагъд цæуынц мысæн мадзæлттæ. Ахæм мысæн изæр арæзт æрцыд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы дæр.

7 августы изæры дыууадæс сахатмæ æввахс, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ 1990 азæй 2008 азмæ гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы Дменисы хъæуæй чи фæмард, уыдоны номыл арæзт цырты раз æрæмбырд сты хъæууон администрацийы, Культурæйы хæдзары кусджытæ æмæ хъæуы цæрджытæ чысылæй стырæй, августы хæсты чи фæмард, уыдоны ныййарджытæ æмæ æввахс хиуæттæ.

Æрæмбырдуæвджыты къухты уыд агрессийы амæттæгты къамтæ, ссыгътой цырæгътæ. 

© Sputnik / Лейла ДрияеваФыдохы мадзал Дменисы хъӕуы
Хуссар Иры Дменисы хъӕуы ӕрымысыдысты гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыдохы мадзал Дменисы хъӕуы

Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси ралæууыд æрæмбырдуæвджыты раз.

"Иуæндæс азы размæ цы уæззау уавæры уыдыстæм, уыцы зын бонтæ нын Хуыцау макуыуал бавзарын кæнæд. Чидæриддæр Ирыстоны сæрыл йæ цард æрхаста, уыдон нæмттæ рох макуы уæд, мæнæ нæм цы кæстæртæ хъомыл кæны, уыдон хæст макуыуал фенæд, Ирыстонæн кадджын хъæбултæй бахъомыл уæд. Арæхдæр сын хъуамæ дзурæм, ма рох кæнæм нæ истори, нæ кæстæртæ хъуамæ зоной - ирон адæм знаджы раз сæ сæр кæй никуы æркъул кæндзысты. Нæ кæстæртæ макуыуал бавзарæд ахæм æнкъард бонтæ, цæрæнт сæрибар Ирыстоны сыгъдæг арвы бын", - загъта уый.

Фæмардуæвджыты ныййарджытæ бузныг загътой æрæмбырдуæвджытæн сæ аудæн ахасты тыххæй æмæ банысан кодтой, зæгъгæ, мачиуал басудзæт хæсты азарæй, фæлæ сæ рох макуы уæд райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ уд чи радта, уыцы цардбæллон лæппуты рухс нæмттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0