Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг ссис ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау

© 15-й РегионИрон хъӕбысӕйхӕцӕг ссис ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау
Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг ссис ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Соттиты Асланбегӕй дарддӕр ма ноджы цыппар ирон спортсмены рамбылдтой хорзӕхтӕ турниры

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Соттиты Асланбег рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕртӕ хатты Олимпиаг чемпион Александр Медведы призтыл ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Минскы, хъусын кӕны 15-ӕм регион.

Джиоты Дмитрий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богал Джиоты Дмитрий рамбылдта ӕхсӕнадӕмон турнир

Соттиты Асланбег ссис иууыл хуыздӕр 92 килограмм уӕзы категорийы. Финалон тохы ирон спортсмен рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Белоруссийӕ Иван Янковскийы.

Уымӕй дарддӕр ма ноджы цыппар ирон спортсмены рамбылдтой хорзӕхтӕ турниры.

Будайты Сосланбег (74 кг) рамбылдта ӕвзист майдан, финалы уый уӕззау тохы фембылд Бекзод Абдурахмоновӕн Узбекистанӕй.

Тускъаты Азӕмӕт (57 кг), Хынцӕгты Сослан (125 кг) ӕмӕ Колыты Георгий (65 кг) рамбылдтой ерысты бронзӕйы майдантӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0