ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Интернеты ирон сегменты ацы бонты сидынц зынгæ ирон спортсмен, сумоист Хъараты Аланæн æхца æртымбыл кæныны фæдыл, кæцыйы хъæуы зынаргъ æмæ вазыгджын операци Германийы.
Номдзыд сумоист Цæгат-Кавказаг бирæпрофилон медицинон центрмæ уæззау уавæры бахауд январы. Дохтыртæ йын сарæзтой æртæ операцийы, се 'хсæн тынг вазыгджын операци зæрдæйыл, кæцы цыд 16 сахаты. Уый фæстæ Алан фæхуыздæр ис, хъавыдысты йæ рынчындонæй рафыссынмæ дæр.
Спортсмены бинонтæ бахатыдысты цæрджытæм, цæмæй сын баххуыс кæной æхцайы фæрæзтæй - рынчыны хъæуы зынаргъ операци. Ирон сумоисты фарсмæ ма æрбалæууыд уæрæсейаг популярон зарæггæнæг Анна Семенович дæр.
"Хъысмæт фæлвары чемпионы тыхтæ! Ног уæззау диагноз æмæ та Хъараты бинонты хъæуы æххуыс! Дзырд цæуы бонтыл, хъæуы зынаргъ операци Германийы, уый бафидын та хуымæтæг адæмæн сæ бон не суыдзæн", - ныффыста уый йæ фарсыл социалон хыз Instagram-ы.
Семенович æрсидт адæммæ, цæмæй Хъараты бинонты уæзау хабары иувæрсты ма ахизой, фæлæ сæм фæкæсой, кæмæн йæ бон куыд у, афтæ.