Ирыстойнаг конкурист Тугъанты Владимир ссис ӕхсӕнадӕмон турниры призер

Рафыссын
Ирон барӕг бацахста 12-ӕм призон бынат

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Уӕрӕсейаг барӕг Тугъанты Владимир дуэты Тулумимӕ ссис немыцаг Шпангенбергы уагъд цӕуӕг ӕхсӕнадӕмон турниры призер конкурӕй, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Тугъанты Владимир  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тугъанты Владимир ссис конкурæй æхсæнадæмон ерысты призер

Дуэт бацахста 12-ӕм бынат 57-ӕй CSI3* маршруты, цӕлхдурты бӕрзӕнд уыд 150 сантиметры онг.

Уыдон равдыстой фӕстиуӕг 74,57 секунды ӕмӕ бакуыстой иу иварон очко.

Амӕйразмӕ Тугъанты Владимир бацахста 10-ӕм призон бынат испаниаг горӕт Оливайы уагъд цӕуӕг ӕхсӕнадӕмон турниры. Иумӕйагӕй маршруты хайад райстой 47 спортсмены.

Ног хабӕртты лентӕ
0