Бафтауын истори ӕмӕ традицитыл: куыд цӕуынц этнолагертӕ Хуссар Иры

© Пресс-служба Комитета по молодежной политике РЮОЭтнолагерь-2019 хайадисджытӕ уыдысты Хуссар Ирыстоны Дзауы районы
Этнолагерь-2019 хайадисджытӕ уыдысты Хуссар Ирыстоны Дзауы районы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдары хӕдивӕг радзырдта Sputnik пресс-конференцийы рӕстӕджы республикӕйы этнолагерты куысты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ цӕрынц фӕсарӕнты, уыд ӕхсызгон ӕрцӕуын Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ уыдон дзырд радтой, фидӕн аз дӕр кӕй ӕрцӕудзысты, радзырдта Sputnik пресс-конференцийыл фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гатыгкоты Валентина.

© Из личного архива Валентины ГатикоевойГатыгкоты Валентина
Бафтауын истори ӕмӕ традицитыл: куыд цӕуынц этнолагертӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гатыгкоты Валентина

Этнолагеры программӕйы сты экскурситӕ Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгатмӕ, афтӕ ма балцытӕ республикӕйы музейтӕ ӕмӕ фендтаг бынӕттӕм.

"Ацы аз Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты уыдысты 7-ӕй 9-ӕм августмӕ ӕмӕ хайад райстой фыдохы мадзӕлтты, кӕцытӕ уыдысты нывонд 2008 азы хӕсты афӕдзы бонӕн. Уыдоны фӕндыд бамбарын ӕкъарӕнтӕ, кӕцытӕ вӕййынц махӕн уыцы бонты", - банысан кодта Гатыгкоты Валентина.

Комитеты сӕрдары хӕдивӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, лагеры сывӕллӕттӕ уыдысты аст бӕстӕйӕ.

Этнолагерь-2019 хайадисджытӕ уыдысты Хуссар Иры Дзауы районы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Этнолагерь-2019"-ы хайадисджытӕ ӕрцыдысты балцы Хуссар Иры Дзауы районмӕ

"Лагеры нысаниуӕг у бафтауын ӕмбӕстӕгты нӕ адӕмы истори, культурӕ ӕмӕ традицитыл. Фӕсивӕдӕй бирӕ дзырдтой ирон ӕвзагыл. Дисы нӕ бафтыдтой нӕ ӕмбӕстӕгтӕ Казахстанӕй, кӕцытӕ сыгъдӕг дзырдтой дыгурон диалектыл, фӕлӕ никуы уыдысты Ирыстоны", - радзырдта Гатыгкоты Валентина.

Уый ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны лагеры хайадисджытӕн кӕй уыд ирд программӕ.

© Пресс-служба Комитета по молодежной политике РЮОЭтнолагерь-2019 хайадисджытӕ уыдысты Хуссар Ирыстоны Дзауы районы
Бафтауын истори ӕмӕ традицитыл: куыд цӕуынц этнолагертӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Этнолагерь-2019 хайадисджытӕ уыдысты Хуссар Ирыстоны Дзауы районы

Афтӕ ма комитеты сӕрдары хӕдивӕг радзырдта этнографион лагеры тыххӕй республикӕйы фӕсивӕдӕн 14-18 азы кары, кӕцы байгом ис къуырисӕры Дзауы районы.

Фыццаг бон Хуссар Иры Этнолагеры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къостайы тыххæй лекци æмæ фатæй æхсын: фыццаг бон Хуссар Иры "Этнолагеры"

Гатыгкоты Валентина банысан кодта, сывӕллӕттӕн кӕй ауагътой этнографион экскурс Хуссар Ирыстоны историмӕ, лекцитӕ литературӕ ӕмӕ историйӕ. Уымӕй дарддӕр ма сывӕллӕттӕ архайдзысты спорты националон хуызтӕй, ауадздзысты сын бӕхтыл тезгъо ӕмӕ мастер-класстӕ националон куклӕты арӕзтады фӕдыл.

"Туризмы хайад сарӕзта маршруттӕ экскурситӕн. Нырма уыдысты Къозы цады, ӕхстой фатын ӕмӕ ӕрдынӕй, абон та сты Кърозы хъӕуы", - банысан кодта Гатыгкоты Валентина.

Мадзалы культурон нывæзты та уыдзысты зонадон-популярон æмæ аивадон фильмтæ изæрыгæтты, алыгъуызон конкурстæ æмæ турниртæ.

Лагерь байгом паддзахадон комплексон нысанмæздæхт нывæзт "Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæры монон-фæткон хъомылад"-ы фæлгæтты æмæ адарддæр уыдзæн 16 августмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0